Исай 42:16 Библи – Ног дунейы тӕлмац 16 Куырмыты акӕндзынӕн, кӕй нӕ зыдтой, уыцы фӕндагыл+, акӕндзынӕн сӕ ӕнӕзонгӕ фӕндагыл+. Сӕ размӕ сын талынг бынӕттӕ срухс кӕндзынӕн+, къуыппытӕ-дзыхъхъытӕ зӕхх слӕгъз кӕндзынӕн+. Ӕз сын адӕттӕ сараздзынӕн ӕмӕ сӕ нӕ ныууадздзынӕн»+. Лукайы 4:18 Библи – Ног дунейы тӕлмац 18 «Ӕз хайджын дӕн Йегъовӕйы тыхӕй*+, уымӕн ӕмӕ мӕ уый байсӕрста, цӕмӕй мӕгуыртӕн хорз хабар хъусын кӕнон. Уый мӕ рарвыста, цӕмӕй уацайрӕгтӕн дзурон, кӕй ссӕрибар уыдзысты, ӕмӕ куырмытӕн – цӕстӕй кӕй ракӕсдзысты, цӕмӕй ӕфхӕрд адӕмы суӕгъд кӕнон+, Хъуыддӕгтӕ 26:18 Библи – Ног дунейы тӕлмац 18 цӕмӕй сын сӕ цӕстытӕ байгом кӕнай+ ӕмӕ сӕ ракӕнай талынгӕй+ рухсмӕ+, Сайтаны уацарӕй+ – Хуыцаумӕ, ӕмӕ цӕмӕй, мӕныл кӕй ӕууӕндынц, уый фӕрцы сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуой+ ӕмӕ сыгъдӕджытимӕ+ иумӕ бынтӕ райсой“+. Раргомад 3:18 Библи – Ног дунейы тӕлмац 18 Ӕмӕ дын зӕгъын: мӕнӕй балхӕн, арты чи ссыгъдӕг, ахӕм сызгъӕрин+, цӕмӕй схъӕздыг уай, ӕмӕ урс уӕлӕдарӕс дӕр, цӕмӕй йӕ скӕнай ӕмӕ дӕ бӕгънӕг буары худинаг ма зына+, стӕй ма мӕ балхӕн цӕстытӕ сӕрдӕн хос дӕр, цӕмӕй дзы дӕ цӕстытӕ+ байсӕрдай ӕмӕ уынай.
16 Куырмыты акӕндзынӕн, кӕй нӕ зыдтой, уыцы фӕндагыл+, акӕндзынӕн сӕ ӕнӕзонгӕ фӕндагыл+. Сӕ размӕ сын талынг бынӕттӕ срухс кӕндзынӕн+, къуыппытӕ-дзыхъхъытӕ зӕхх слӕгъз кӕндзынӕн+. Ӕз сын адӕттӕ сараздзынӕн ӕмӕ сӕ нӕ ныууадздзынӕн»+.
18 «Ӕз хайджын дӕн Йегъовӕйы тыхӕй*+, уымӕн ӕмӕ мӕ уый байсӕрста, цӕмӕй мӕгуыртӕн хорз хабар хъусын кӕнон. Уый мӕ рарвыста, цӕмӕй уацайрӕгтӕн дзурон, кӕй ссӕрибар уыдзысты, ӕмӕ куырмытӕн – цӕстӕй кӕй ракӕсдзысты, цӕмӕй ӕфхӕрд адӕмы суӕгъд кӕнон+,
18 цӕмӕй сын сӕ цӕстытӕ байгом кӕнай+ ӕмӕ сӕ ракӕнай талынгӕй+ рухсмӕ+, Сайтаны уацарӕй+ – Хуыцаумӕ, ӕмӕ цӕмӕй, мӕныл кӕй ӕууӕндынц, уый фӕрцы сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуой+ ӕмӕ сыгъдӕджытимӕ+ иумӕ бынтӕ райсой“+.
18 Ӕмӕ дын зӕгъын: мӕнӕй балхӕн, арты чи ссыгъдӕг, ахӕм сызгъӕрин+, цӕмӕй схъӕздыг уай, ӕмӕ урс уӕлӕдарӕс дӕр, цӕмӕй йӕ скӕнай ӕмӕ дӕ бӕгънӕг буары худинаг ма зына+, стӕй ма мӕ балхӕн цӕстытӕ сӕрдӕн хос дӕр, цӕмӕй дзы дӕ цӕстытӕ+ байсӕрдай ӕмӕ уынай.