Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Исай 27:9
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 9 Афтӕмӕй Иаков йӕ фыдракӕндӕй ссыгъдӕг уыдзӕн+,– ӕмӕ уый уыдзӕн, Хуыцау ӕй йӕ тӕригъӕдӕй куы фервӕзын кӕна+, уӕд,– нывондхӕссӕны дуртӕ иууылдӕр чъырдурау куы ныммур кӕна, уӕд, ӕмӕ кувӕн цӕджындзтӕ+ ӕмӕ будсудзӕн нывондхӕссӕнтӕ фӕстӕмӕ ӕвӕрд нал ӕрцӕудзысты+.

  • Йезекил 36:25
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 25 Ӕз уыл бапырх кӕндзынӕн сыгъдӕг дон, ӕмӕ ссыгъдӕг уыдзыстут+. Ссыгъдӕг уӕ кӕндзынӕн уе ’ппӕт чъизитӕй+ ӕмӕ уе ’ппӕт фаджыс-хуыцӕуттӕй+.

  • Йезекил 37:23
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 23 Ӕмӕ сӕхи нал чъизи кӕндзысты сӕ фаджыс-хуыцӕуттӕй, се ’наккагдзинӕдтӕй ӕмӕ се ’ппӕт фыдракӕндтӕй+. Ӕз сӕ фервӕзын кӕндзынӕн, сӕ цӕрӕнбынӕтты цы тӕригъӕдджын митӕ кодтой, уыдонӕй се ’ппӕтӕй дӕр ӕмӕ сӕ ссыгъдӕг кӕндзынӕн+. Ӕмӕ уыдон суыдзысты мӕ адӕм, ӕз та суыдзынӕн сӕ Хуыцау+.

  • Оси 14:8
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 8 Ефрем зӕгъдзӕн: „Цӕмӕн ма мӕ хъӕуынц ацы мӕнгхуыцӕуттӕ?“+

      Ӕз ӕй мӕхӕдӕг фехъусдзынӕн ӕмӕ йӕм мӕ хъус дардзынӕн+. Ӕз дӕн пӕлӕхсар ӕхсӕлыбӕласы хуызӕн+. Мӕныл ссардзынӕ дыргътӕ».

  • Захари 13:2
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 2 Уыцы бон,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ,– ӕз ацы зӕххӕй мӕнгхуыцӕутты нӕмттӕ фесафдзынӕн+, ӕмӕ сӕ хъуыды дӕр нал ӕркӕндзысты. Ацы зӕххӕй фесафдзынӕн пехуымпарты+, стӕй хӕйрӕджыты тых дӕр+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын