Левит 26:26 Библи – Ног дунейы тӕлмац 26 Уӕ гуылтӕ* цы хъилтыл ауыгъд вӕййынц, уыдон уын куы ныссӕттон+, уӕд уӕ сылгоймӕгтӕ дӕсӕй дзул фыцдзысты иу пецы ӕмӕ уын ӕй дӕтдзысты барстӕй+. Ӕмӕ хӕрдзыстут, фӕлӕ не ’фсӕддзыстут+. Дыккаг закъон 28:51 Библи – Ног дунейы тӕлмац 51 Уыдон уын хӕрдзысты уӕ фосы цот ӕмӕ уӕ зӕххы тыллӕг, цалынмӕ нӕ фӕцагъды уат, уӕдмӕ+. Нӕ уын ныууадздзысты нӕдӕр хор, нӕдӕр ног сӕн, нӕдӕр сой, нӕдӕр стурвосы цот ӕмӕ нӕдӕр лыстӕг фосы цот, цалынмӕ уӕ нӕ ныццӕгъдой, уӕдмӕ+. Йереми 37:21 Библи – Ног дунейы тӕлмац 21 Ӕмӕ уӕд паддзах Седеки бардзырд радта, цӕмӕй Йеремийы Хъахъхъӕнджыты кӕрты+ бакодтаиккой. Ӕмӕ йын алы бон дӕр дзулгӕнджыты уынгӕй+ хастой иу дзул, цалынмӕ горӕты дзул уыд, уӕдмӕ+. Гъемӕ Йереми уыд Хъахъхъӕнджыты кӕрты+. Йезекил 4:16 Библи – Ног дунейы тӕлмац 16 Ӕмӕ мын уый фӕстӕ загъта: «Адӕймаджы фырт, ӕз Иерусалимы ныссӕтдзынӕн, сӕ гуылтӕ* цы хъилтыл ауыгъд вӕййынц, уыдон+, ӕмӕ адӕм дзул хӕрдзысты барстӕй, мӕт кӕнгӕйӕ+, ӕмӕ дон дӕр нуаздзысты барстӕй, тӕрсгӕ-ризгӕйӕ+.
26 Уӕ гуылтӕ* цы хъилтыл ауыгъд вӕййынц, уыдон уын куы ныссӕттон+, уӕд уӕ сылгоймӕгтӕ дӕсӕй дзул фыцдзысты иу пецы ӕмӕ уын ӕй дӕтдзысты барстӕй+. Ӕмӕ хӕрдзыстут, фӕлӕ не ’фсӕддзыстут+.
51 Уыдон уын хӕрдзысты уӕ фосы цот ӕмӕ уӕ зӕххы тыллӕг, цалынмӕ нӕ фӕцагъды уат, уӕдмӕ+. Нӕ уын ныууадздзысты нӕдӕр хор, нӕдӕр ног сӕн, нӕдӕр сой, нӕдӕр стурвосы цот ӕмӕ нӕдӕр лыстӕг фосы цот, цалынмӕ уӕ нӕ ныццӕгъдой, уӕдмӕ+.
21 Ӕмӕ уӕд паддзах Седеки бардзырд радта, цӕмӕй Йеремийы Хъахъхъӕнджыты кӕрты+ бакодтаиккой. Ӕмӕ йын алы бон дӕр дзулгӕнджыты уынгӕй+ хастой иу дзул, цалынмӕ горӕты дзул уыд, уӕдмӕ+. Гъемӕ Йереми уыд Хъахъхъӕнджыты кӕрты+.
16 Ӕмӕ мын уый фӕстӕ загъта: «Адӕймаджы фырт, ӕз Иерусалимы ныссӕтдзынӕн, сӕ гуылтӕ* цы хъилтыл ауыгъд вӕййынц, уыдон+, ӕмӕ адӕм дзул хӕрдзысты барстӕй, мӕт кӕнгӕйӕ+, ӕмӕ дон дӕр нуаздзысты барстӕй, тӕрсгӕ-ризгӕйӕ+.