Рацыд 15:11 Библи – Ног дунейы тӕлмац 11 О Йегъовӕ, хуыцӕутты ’хсӕн дӕу хуызӕн чи у?+Чи у дӕу хуызӕн сыгъдӕг?+Дӕуӕй хъӕуы тӕрсын+ ӕмӕ дӕ кадӕн хъӕуы зарын+. Ды аразыс диссӕгтӕ+. Псалом 71:22 Библи – Ног дунейы тӕлмац 22 Ӕмӕ дӕ ӕз кадджын кӕндзынӕн хъисфӕндырыл цӕгъдгӕйӕ+,Кадджын дын кӕндзынӕн дӕ рӕстдзинад*, о мӕ Хуыцау+.Дыууадӕстӕнон фӕндырыл дын цӕгъддзынӕн, о Израилы сыгъдӕг Хуыцау+. Исай 5:24 Библи – Ног дунейы тӕлмац 24 Арты ӕвзӕгтӕ хъӕмп куыд аныхъуырынц+, арт хус кӕрдӕг куыд асудзы, афтӕ сӕ бындзӕфхад бамбийдзӕн ӕмӕ тӕф кӕндзӕн+, сӕ дидинӕг бахус уыдзӕн ӕмӕ рыгау атӕхдзӕн, уымӕн ӕмӕ ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы закъоныл сӕ къух систой+, Израилы Сыгъдӕг Хуыцауы ницӕмӕ ӕрдардтой+. Исай 10:20 Библи – Ног дунейы тӕлмац 20 Ӕмӕ уыцы бонӕй фӕстӕмӕ афтӕ никуыуал уыдзӕн, цӕмӕй, Израилӕй ма чи баззайа+ ӕмӕ ма Иаковы хӕдзарвӕндагӕй чи аирвӕза, уыдон ӕххуыс бацагурой, чи сӕ ныппырх кодта, уымӕй+, фӕлӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ+ ӕххуыс агурдзысты Йегъовӕйӕ, Израилы Сыгъдӕг Хуыцауӕй+. Йереми 51:5 Библи – Ног дунейы тӕлмац 5 Израил ӕмӕ Иудӕ+ идӕдзӕй нӕ баззадысты, сӕ Хуыцау, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ сӕ нӕ ныууагъта+. Халдейты зӕхх та Израилы Сыгъдӕг Хуыцауы цӕсты у тынг аххосджын+. Йезекил 39:7 Библи – Ног дунейы тӕлмац 7 Ӕз мӕ сыгъдӕг ном мӕ адӕм Израилы ’хсӕн раргом кӕндзынӕн ӕмӕ нал бауадздзынӕн, цӕмӕй мын мӕ сыгъдӕг ном чъизи кӕной+. Ӕмӕ адӕмтӕ базондзысты, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ+, Израилы Сыгъдӕг Хуыцау“+.
11 О Йегъовӕ, хуыцӕутты ’хсӕн дӕу хуызӕн чи у?+Чи у дӕу хуызӕн сыгъдӕг?+Дӕуӕй хъӕуы тӕрсын+ ӕмӕ дӕ кадӕн хъӕуы зарын+. Ды аразыс диссӕгтӕ+.
22 Ӕмӕ дӕ ӕз кадджын кӕндзынӕн хъисфӕндырыл цӕгъдгӕйӕ+,Кадджын дын кӕндзынӕн дӕ рӕстдзинад*, о мӕ Хуыцау+.Дыууадӕстӕнон фӕндырыл дын цӕгъддзынӕн, о Израилы сыгъдӕг Хуыцау+.
24 Арты ӕвзӕгтӕ хъӕмп куыд аныхъуырынц+, арт хус кӕрдӕг куыд асудзы, афтӕ сӕ бындзӕфхад бамбийдзӕн ӕмӕ тӕф кӕндзӕн+, сӕ дидинӕг бахус уыдзӕн ӕмӕ рыгау атӕхдзӕн, уымӕн ӕмӕ ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы закъоныл сӕ къух систой+, Израилы Сыгъдӕг Хуыцауы ницӕмӕ ӕрдардтой+.
20 Ӕмӕ уыцы бонӕй фӕстӕмӕ афтӕ никуыуал уыдзӕн, цӕмӕй, Израилӕй ма чи баззайа+ ӕмӕ ма Иаковы хӕдзарвӕндагӕй чи аирвӕза, уыдон ӕххуыс бацагурой, чи сӕ ныппырх кодта, уымӕй+, фӕлӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ+ ӕххуыс агурдзысты Йегъовӕйӕ, Израилы Сыгъдӕг Хуыцауӕй+.
5 Израил ӕмӕ Иудӕ+ идӕдзӕй нӕ баззадысты, сӕ Хуыцау, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ сӕ нӕ ныууагъта+. Халдейты зӕхх та Израилы Сыгъдӕг Хуыцауы цӕсты у тынг аххосджын+.
7 Ӕз мӕ сыгъдӕг ном мӕ адӕм Израилы ’хсӕн раргом кӕндзынӕн ӕмӕ нал бауадздзынӕн, цӕмӕй мын мӕ сыгъдӕг ном чъизи кӕной+. Ӕмӕ адӕмтӕ базондзысты, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ+, Израилы Сыгъдӕг Хуыцау“+.