23 Де ’рвыст лӕгты+ дзыхӕй Йегъовӕйӕ хынджылӕг кӕныс ӕмӕ дзурыс+:
„Ӕз мӕ бирӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттимӕ+
Ссӕудзынӕн бӕрзонд хӕхтӕм+,
Бахӕццӕ уыдзынӕн Ливаны тӕккӕ дарддӕр бынӕттӕм+.
Акалдзынӕн ын йӕ бӕрзонд кедртӕ+, йӕ хуыздӕр ӕхсӕлыбӕлӕстӕ+.
Бацӕудзынӕн йӕ тӕккӕ дарддӕр бынатмӕ, йӕ диссаджы хъӕдмӕ+.