Псалом 72:2 Библи – Ног дунейы тӕлмац 2 Уадз рӕстӕй ӕвзарӕд дӕ адӕмы хъуыддӕгтӕ+,Ӕмӕ дӕ адӕмӕй ӕфхӕрд чи у, уыдоны хъуыддӕгтӕ – дӕ тӕрхӕттӕм гӕсгӕ+. Исай 11:3 Библи – Ног дунейы тӕлмац 3 Ӕмӕ, Йегъовӕйӕ кӕй тӕрсдзӕн, уый йын хӕсдзӕн циндзинад+. Цӕстӕй цы уына, уымӕ гӕсгӕ нӕ кӕндзӕн тӕрхон ӕмӕ, хъусӕй цы хъуса, уымӕ гӕсгӕ нӕ кӕндзӕн уайдзӕф+. Матфейы 12:20 Библи – Ног дунейы тӕлмац 20 Цъӕл хъӕз нӕ асӕтдзӕн, гыццыл ма чи судзы, ахӕм цырагъ* нӕ ахуыссын кӕндзӕн+. Уый афтӕ кӕндзӕн, цалынмӕ рӕстдзинад+ уӕлахизмӕ не ’ркӕна, уӕдмӕ. Иоанны 5:30 Библи – Ног дунейы тӕлмац 30 Мӕнӕн иу хъуыддаг дӕр мӕ бон нӕу мӕхи фӕндӕй саразын. Куыд хъусын, афтӕ тӕрхон кӕнын, ӕмӕ мӕ тӕрхон у раст+, уымӕн ӕмӕ, мӕхи цы фӕнды, уый нӕ кӕнын, фӕлӕ мӕ рарвитӕджы цы фӕнды+, уый. Раргомад 19:11 Библи – Ног дунейы тӕлмац 11 Ӕмӕ федтон арв гомӕй, ӕмӕ мӕнӕ – урс бӕх+. Бӕхыл чи бады, уый хуыйны Иузӕрдион+ ӕмӕ Ӕцӕг+, ӕмӕ тӕрхон кӕны ӕмӕ хӕцы рӕстӕй+.
2 Уадз рӕстӕй ӕвзарӕд дӕ адӕмы хъуыддӕгтӕ+,Ӕмӕ дӕ адӕмӕй ӕфхӕрд чи у, уыдоны хъуыддӕгтӕ – дӕ тӕрхӕттӕм гӕсгӕ+.
3 Ӕмӕ, Йегъовӕйӕ кӕй тӕрсдзӕн, уый йын хӕсдзӕн циндзинад+. Цӕстӕй цы уына, уымӕ гӕсгӕ нӕ кӕндзӕн тӕрхон ӕмӕ, хъусӕй цы хъуса, уымӕ гӕсгӕ нӕ кӕндзӕн уайдзӕф+.
20 Цъӕл хъӕз нӕ асӕтдзӕн, гыццыл ма чи судзы, ахӕм цырагъ* нӕ ахуыссын кӕндзӕн+. Уый афтӕ кӕндзӕн, цалынмӕ рӕстдзинад+ уӕлахизмӕ не ’ркӕна, уӕдмӕ.
30 Мӕнӕн иу хъуыддаг дӕр мӕ бон нӕу мӕхи фӕндӕй саразын. Куыд хъусын, афтӕ тӕрхон кӕнын, ӕмӕ мӕ тӕрхон у раст+, уымӕн ӕмӕ, мӕхи цы фӕнды, уый нӕ кӕнын, фӕлӕ мӕ рарвитӕджы цы фӕнды+, уый.
11 Ӕмӕ федтон арв гомӕй, ӕмӕ мӕнӕ – урс бӕх+. Бӕхыл чи бады, уый хуыйны Иузӕрдион+ ӕмӕ Ӕцӕг+, ӕмӕ тӕрхон кӕны ӕмӕ хӕцы рӕстӕй+.