Исай 9:13 Библи – Ног дунейы тӕлмац 13 Фӕлӕ адӕм, Чи сӕ ӕрцӕвы, уымӕ фӕстӕмӕ не здӕхынц+ ӕмӕ ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы нӕ агурынц+. Йереми 5:3 Библи – Ног дунейы тӕлмац 3 О Йегъовӕ, дӕ цӕстытӕ иузӕрдион адӕммӕ здӕхт не сты?+ Ды цавтай дӕ адӕмы+, фӕлӕ сӕм цӕф нӕ хъардта+. Цагътай сӕ+, фӕлӕ ницӕуыл ахуыр кодтой+. Сӕ цӕсгӕмттӕ дурӕй хъӕбӕрдӕр ныккодтой+. Нӕ сӕ фӕнды фӕстӕмӕ раздӕхын+. Оси 7:9 Библи – Ног дунейы тӕлмац 9 Йӕ тых ын ӕцӕгӕлӕттӕ бахордтой+, фӕлӕ йӕ уый нӕ зыдта+. Йӕ сӕр сурс, фӕлӕ йӕ уый та нӕ зыдта.
3 О Йегъовӕ, дӕ цӕстытӕ иузӕрдион адӕммӕ здӕхт не сты?+ Ды цавтай дӕ адӕмы+, фӕлӕ сӕм цӕф нӕ хъардта+. Цагътай сӕ+, фӕлӕ ницӕуыл ахуыр кодтой+. Сӕ цӕсгӕмттӕ дурӕй хъӕбӕрдӕр ныккодтой+. Нӕ сӕ фӕнды фӕстӕмӕ раздӕхын+.