7 Ӕмӕ адон дӕр сӕны тыххӕй сӕ фӕндагӕй адзӕгъӕл сты, карз нозты аххосӕй рахау-бахау кӕнынц. Сауджын ӕмӕ пехуымпар+ карз нозты аххосӕй сӕ фӕндагӕй адзӕгъӕл сты, сӕн сын сӕ зонд схӕццӕ кодта, карз нозты аххосӕй рахау-бахау кӕнынц+. Сӕ цӕстылуайӕнты схӕццӕтӕ сты, уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ дӕр цудтытӕ кӕнынц.