Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Левит 26:1
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 26 Ма аразут уӕхицӕн ницӕйаг хуыцӕуттӕ+, уӕхицӕн ма ӕвӕрут гуымирытӕ+ кӕнӕ кувӕн дуртӕ ӕмӕ уӕ зӕххыл ма ӕрӕвӕрут дуртӕ нывтимӕ+ ӕмӕ-иу сӕ разы уӕ зонгуытыл ма ӕрхаут+. Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау.

  • Тӕрхонгӕнджыты 17:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 3 Гъемӕ Миха уыцы иу мин сӕдӕ ӕвзист ӕхцайы фӕстӕмӕ йӕ мадмӕ радта+, ӕмӕ йӕ мад загъта: «Ацы ӕвзист ӕз мӕхи къухӕй нывонд кӕнын Йегъовӕйӕн мӕ фырты тыххӕй, цӕмӕй дзы гуымирытӕ+ саразой. Ӕмӕ дын сӕ мӕнӕ фӕстӕмӕ дӕттын».

  • Тӕрхонгӕнджыты 18:30
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 30 Уый фӕстӕ Даны фырттӕ гуымирытӕй+ иу сӕхицӕн сӕвӕрдтой. Сауджынтӕ та сын систы Моисейӕн йӕ фырт Гирсоны+ фырт Ионафан+ ӕмӕ йӕ фырттӕ. Ӕмӕ сын сауджынтӕй уыдысты, цалынмӕ уыцы зӕххыл цӕрӕг адӕмы уацары нӕ акодтой, уӕдмӕ+.

  • 2 Паддзӕхты 21:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 7 Манасси ма скодта кувӕн цӕджындзы гуымиры+ дӕр ӕмӕ йӕ сӕвӕрдта Йегъовӕйы хӕдзары+. Уыцы хӕдзары тыххӕй Хуыцау Давидӕн ӕмӕ йӕ фырт Соломонӕн афтӕ загъта: «Ацы хӕдзары ӕмӕ Иерусалимы, Израилы ӕппӕт мыггӕгты горӕттӕй кӕй равзӕрстон, уыцы горӕты, уыдзӕн мӕ ном ӕнустӕм+.

  • Наум 1:14
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 14 Дӕу тыххӕй Йегъовӕ ахӕм бардзырд радта: „Дӕ ном дын чи хӕсса, ахӕм нал уыдзӕн+. Дӕ хуыцӕутты кувӕндоны цы гуымиры ӕмӕ ӕфсӕйнаг хуыцау ис, уыдон фесафдзынӕн+. Кӕм дӕ баныгӕной, ахӕм бынат дын ӕрцӕттӕ кӕндзынӕн+, уымӕн ӕмӕ ницӕйаг дӕ“.

  • Аввакум 2:18
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 18 Цы пайда ис адӕймаджы къухӕй конд гуымирыйӕ+, ӕфсӕйнаг хуыцауӕй ӕмӕ, мӕнгдзинад чи амоны, уымӕй?+ Чи сӕ скӕны, уый сыл йӕ ныфс афтӕ тынг дары+, ӕмӕ ӕгомыг, ницӕйаг хуыцӕуттӕ аразы+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын