Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Ездрӕ 1:1
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 1 Ацы хабар ӕрцыд, Персы паддзах Кир+ фыццаг аз куы уыд паддзах, уӕд. Йегъовӕ Йеремийы уылты цы загъта, уый цӕмӕй сӕххӕст уыдаид+, уый тыххӕй Йегъовӕ Киры сразӕнгард кодта+, ӕмӕ Кир уынаффӕ рахаста+, ныффыссын ӕй кодта+ ӕмӕ йӕ йӕ паддзахады алы ран дӕр фехъусын кодта:

  • Исай 41:25
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 25 Ӕз уыцы лӕджы цӕгатӕй рацӕуын кодтон, ӕмӕ уый ӕрбацӕудзӕн+. Хурыскӕсӕнӕй чи у+, уый мын мӕ ном кадджын кӕндзӕн. Уый йӕ къӕхты бын дӕлбар хицӕутты ӕлыгау ныссӕнддзӕн+, дурынгӕнӕг уымӕл ӕлыг йӕ къӕхты бын куыд ссӕнда, афтӕ.

  • Исай 45:1
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 45 Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ йӕ сӕрст лӕггадгӕнӕг+ Кирӕн,– йӕ рахиз къухыл кӕмӕн хӕцын+, цӕмӕй йын адӕмты йӕ дӕлбар бакӕнон+ ӕмӕ паддзӕхтӕн сӕ астӕутӕй сӕ рӕттӕ раласон, цӕмӕй йын йӕ размӕ дуӕрттӕ бакӕнон ӕмӕ цӕмӕй горӕты кулдуар ӕхгӕд ма ’рцӕуа:

  • Исай 46:11
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 11 Ӕз фӕдзурдзынӕн, скӕсӕны чи ис, уыцы тугдзых маргъмӕ+, дард бӕстӕйы чи ис, уыцы лӕгмӕ, цӕмӕй мын мӕ уынаффӕ сӕххӕст кӕна+. Ӕз ӕй рахастон, ӕмӕ йӕ сӕххӕст кӕндзынӕн+. Сфӕнд кодтон, ӕмӕ йӕ сараздзынӕн+.

  • Данел 10:1
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 10 Персы паддзах Кир+ ӕртыккаг аз куы уыд паддзах, уӕд Данелӕн, Валтасар+ кӕй хуыдтой, уымӕн, раргом хабар. Уыцы хабар уыд ӕцӕг ӕмӕ уыди стыр хӕсты тыххӕй+. Данел бамбӕрста уыцы хабар, бамбӕрста, цы федта, уый+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын