Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Исай 10:20
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 20 Ӕмӕ уыцы бонӕй фӕстӕмӕ афтӕ никуыуал уыдзӕн, цӕмӕй, Израилӕй ма чи баззайа+ ӕмӕ ма Иаковы хӕдзарвӕндагӕй чи аирвӕза, уыдон ӕххуыс бацагурой, чи сӕ ныппырх кодта, уымӕй+, фӕлӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ+ ӕххуыс агурдзысты Йегъовӕйӕ, Израилы Сыгъдӕг Хуыцауӕй+.

  • Йереми 23:8
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 8 Фӕлӕ дзурдзысты афтӕ: „Сомы кӕнын удӕгас Хуыцау Йегъовӕйӕ, Израилы байзӕддӕгты цӕгатаг зӕххӕй чи ’ркодта, цы бӕстӕтыл сӕ ныххӕлиу кодта, ӕппӕт уыцы бӕстӕтӕй сӕ фӕстӕмӕ чи ӕрбакодта, уымӕй!“ – ӕмӕ сӕхи зӕххыл цӕрдзысты»+.

  • Захари 8:12
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 12 Фарны мыггаг байтаудзысты+, сӕнӕфсир дыргъ ратдзӕн+, зӕхх ратдзӕн тыллӕг+ ӕмӕ уӕлӕрвтӕ дӕр ратдзысты ӕртӕх+. Ӕз ӕппӕт ацы хорздзинӕдтӕ бынӕн ратдзынӕн+, ацы адӕмӕй ма чи баззад, уыдонӕн+.

  • Ромӕгтӕм 11:26
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 26 Ӕмӕ афтӕ фервӕздзӕн ӕгас Израил+ дӕр. Фыст дӕр афтӕ у: «Сионӕй+ ӕрцӕудзӕн ирвӕзынгӕнӕг ӕмӕ Иаковы+ байзӕддӕгтӕн се ’нӕхуыцау хъуыддӕгтӕ ныууадзын кӕндзӕн.

  • 1 Петры 2:9
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 9 Сымах та стут «ӕвзӕрст мыггаг, паддзӕхтӕ чи уыдзысты, уыцы сауджынтӕ, сыгъдӕг адӕм+, Хуыцауӕн уӕлдай зынаргъ чи у, уыцы адӕм+, цӕмӕй алкӕмдӕр хъусын кӕнат», талынгӕй уӕ чи ракодта ӕмӕ уӕ йӕ диссаджы рухсмӕ чи ӕрхуыдта+, уымӕн йӕ «диссаджы миниуджыты тыххӕй»+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын