Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Дыккаг закъон 28:48
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 48 Ды лӕггад кӕндзынӕ де знӕгтӕн+, Йегъовӕ дын дӕ ныхмӕ кӕй ракӕндзӕн, уыдонӕн, уыдзынӕ ӕххормаг+, мӕлдзынӕ дойныйӕ, уыдзынӕ бӕгънӕг ӕмӕ алцӕмӕй дӕр хъуаг ӕййафдзынӕ. Дӕ бӕрзӕйыл дын сӕвӕрдзӕн ӕфсӕйнаг ӕфсондз ӕмӕ дыл уыдзӕн, цалынмӕ уӕ нӕ ныццӕгъда, уӕдмӕ+.

  • Исай 10:27
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 27 Уыцы бон Ассирийы паддзахы уаргъ де ’ккойӕ ахаудзӕн+, йе ’фсондз ахаудзӕн дӕ бӕрзӕйӕ+, ӕмӕ уыцы ӕфсондз сойы* тыххӕй ныппырх уыдзӕн»+.

  • Йереми 30:8
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 8 «Уыцы бон ӕз,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ,– сӕ бӕрзӕйыл цы ӕфсондз ис, уый асӕтдзынӕн ӕмӕ сын сӕ бӕттӕнтӕ аскъуындзынӕн+. Ӕмӕ сӕ ӕцӕгӕлӕттӕ сӕхицӕн нал кусын кӕндзысты.

  • Йезекил 34:27
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 27 Ӕмӕ быдырон бӕлас ӕрхӕсдзӕн дыргъ+, зӕхх ратдзӕн тыллӕг+, ӕмӕ уыдон сӕ зӕххыл цӕрдзысты ӕдасӕй+. Се ’фсондз сын куы ныссӕттон+ ӕмӕ сӕ сӕхицӕн цагъартӕ чи скодта, уыдоны къухӕй сӕ куы фервӕзын кӕнон+, уӕд ӕй базондзысты, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ.

  • Наум 1:13
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 13 Уӕргътӕ цы хъилыл хӕссыс, уый дын асӕтдзынӕн+ ӕмӕ дын дӕ хъадамантӕ атондзынӕн+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын