-
Йереми 50:29Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
29 Ракӕнут Вавилоны ныхмӕ фатӕхсджыты, ӕрдын чи ӕрбакъӕдз кӕны, уыдоны+. Уӕ цатыртӕ йӕ алыварс ӕрӕвӕрут. Иу дӕр дзы хъуамӕ ма аирвӕза+. Йӕ хъуыддӕгты тыххӕй йын цы ’мбӕлы, уый йын бакӕнут+. Йӕхӕдӕг цытӕ кодта, уыдӕттӕ йын бакӕнут сымах дӕр+, уымӕн ӕмӕ йӕ фырсӕрбӕрзондӕй рацыд Йегъовӕйы ныхмӕ, Израилы Сыгъдӕг Хуыцауы ныхмӕ+.
-
-
Данел 5:23Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
23 Ды уӕлӕрвты Хицауы ныхмӕ рацыдтӕ+. Йӕ хӕдзары мигӕнӕнтӕ+ дын дӕ размӕ ӕрбахастой, ӕмӕ дзы сымах – ды дӕхӕдӕг, де ’лдӕрттӕ, дӕ устытӕ ӕмӕ дӕ номылустытӕ сӕн нызтат ӕмӕ кадджын кодтат ӕвзистӕй, сызгъӕринӕй, ӕрхуыйӕ, ӕфсӕйнагӕй, хъӕдӕй ӕмӕ дурӕй конд хуыцӕутты+ – уынгӕ чи нӕ кӕны, хъусгӕ чи нӕ кӕны ӕмӕ ӕппындӕр чи ницы зоны, уыцы хуыцӕутты+. Дӕ царды улӕфт+ ӕмӕ де ’ппӕт фӕндӕгтӕ кӕй къухы сты, уыцы Хуыцауы+ та не скадджын кодтай+.
-