Исай 1:11 Библи – Ног дунейы тӕлмац 11 «Цы пайда мын сты уӕ бирӕ нывӕндтӕ? – зӕгъы Йегъовӕ.– Судзгӕ кӕй бакӕнут+, уыцы фырытӕй+ ӕмӕ хӕрзхаст фосы фиуӕй+ мӕ хъуырмӕ дӕн. Уӕ уӕнгуыты, уӕ нӕл уӕрыччыты ӕмӕ уӕ нӕл сӕгъты+ тугӕй+ мӕ зӕрдӕ нӕ рухс кӕны+. Йереми 15:1 Библи – Ног дунейы тӕлмац 15 Йегъовӕ мын загъта: «Мӕ разы Моисей+ ӕмӕ Самуил+ дӕр куы ’рлӕууыдаиккой, уӕд дӕр мӕ зӕрдӕ* нӕ раздӕхтаид ацы адӕммӕ+. Мӕ разӕй сӕ фӕсырдтаиккой, ӕмӕ ацыдаиккой+. Йезекил 24:13 Библи – Ног дунейы тӕлмац 13 „Дӕ хӕлд митӕй дӕхи фӕчъизи кодтай+. Ӕмӕ дӕ уый тыххӕй хъуамӕ ссыгъдӕг кодтаин, фӕлӕ ды не ссыгъдӕг дӕ дӕ чъизийӕ+. Ӕмӕ уӕвгӕ дӕр нал ссыгъдӕг уыдзынӕ, цалынмӕ дыл мӕ судзгӕ маст нӕ ныккалон ӕмӕ мӕ маст не ссӕуа, уӕдмӕ+. Дзуттӕгтӕм 10:26 Библи – Ног дунейы тӕлмац 26 Уымӕн ӕмӕ кӕд, рӕстдзинад* бӕлвырд куы базыдтам+, уый фӕстӕ зонгӕ-зонын тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ аразӕм+, уӕд нӕ тӕригъӕдты тыххӕй ӕндӕр нывонд хаст нал ӕрцӕудзӕн+,
11 «Цы пайда мын сты уӕ бирӕ нывӕндтӕ? – зӕгъы Йегъовӕ.– Судзгӕ кӕй бакӕнут+, уыцы фырытӕй+ ӕмӕ хӕрзхаст фосы фиуӕй+ мӕ хъуырмӕ дӕн. Уӕ уӕнгуыты, уӕ нӕл уӕрыччыты ӕмӕ уӕ нӕл сӕгъты+ тугӕй+ мӕ зӕрдӕ нӕ рухс кӕны+.
15 Йегъовӕ мын загъта: «Мӕ разы Моисей+ ӕмӕ Самуил+ дӕр куы ’рлӕууыдаиккой, уӕд дӕр мӕ зӕрдӕ* нӕ раздӕхтаид ацы адӕммӕ+. Мӕ разӕй сӕ фӕсырдтаиккой, ӕмӕ ацыдаиккой+.
13 „Дӕ хӕлд митӕй дӕхи фӕчъизи кодтай+. Ӕмӕ дӕ уый тыххӕй хъуамӕ ссыгъдӕг кодтаин, фӕлӕ ды не ссыгъдӕг дӕ дӕ чъизийӕ+. Ӕмӕ уӕвгӕ дӕр нал ссыгъдӕг уыдзынӕ, цалынмӕ дыл мӕ судзгӕ маст нӕ ныккалон ӕмӕ мӕ маст не ссӕуа, уӕдмӕ+.
26 Уымӕн ӕмӕ кӕд, рӕстдзинад* бӕлвырд куы базыдтам+, уый фӕстӕ зонгӕ-зонын тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ аразӕм+, уӕд нӕ тӕригъӕдты тыххӕй ӕндӕр нывонд хаст нал ӕрцӕудзӕн+,