Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Нееми 9:17
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 17 Нӕ сӕ фӕндыд дӕумӕ хъусын+, ферох сӕ сты+, уыдоны тыххӕй кӕй сарӕзтай, уыцы диссӕгтӕ. Схивӕнд сты+ ӕмӕ сӕхицӕн хицау сӕвӕрдтой+, цӕмӕй фӕстӕмӕ Египетмӕ, цагъартӕ кӕм уыдысты, уырдӕм аздӕхтаиккой. Фӕлӕ ды хатыргӕнаг+, тӕригъӕдгӕнаг+ ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ+ Хуыцау дӕ, ды мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕныс+, ӕгӕрон+ у де ’нувыд уарзт, ӕмӕ сӕ нӕ ныууагътай+.

  • Нееми 9:29
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 29 Ды сӕ фӕдзӕхстай+, цӕмӕй сын се ’ргом фӕстӕмӕ дӕ закъонмӕ раздӕхтаис+, фӕлӕ уыдон сӕрбӕрзонд митӕ кодтой+ ӕмӕ дын дӕ фӕдзӕхстытӕм нӕ хъуыстой. Дӕ закъӕттӕ дын не ’ххӕст кодтой+ ӕмӕ уымӕй тӕригъӕд арӕзтой+, афтӕмӕй та сӕ чи ӕххӕст кӕна, уый уыдоны фӕрцы цӕрдзӕн+. Сӕ чъылдым* дӕм сыздӕхтой+, сӕхи цы фӕндыд, уый кодтой*+ ӕмӕ дӕм нӕ хъуыстой+.

  • Йереми 7:26
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 26 Фӕлӕ мӕм уыдон нӕ хъуыстой, сӕ хъус дӕр мӕм не ’рдардтой+, ӕмӕ сӕхи фӕнд кодтой*+. Сӕ фыдӕлтӕй дӕр фӕфыддӕр сты!+

  • Йереми 17:23
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 23 Фӕлӕ уыдон нӕ хъуыстой, сӕ хъус дӕр нӕ дардтой+ – схивӕнд сты*+, цӕмӕй ма хъуыстаиккой ӕмӕ сӕм зондамынд ма хъардтаид“+.

  • Захари 7:12
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 12 Сӕ зӕрдӕ+ ныддур кодтой, цӕмӕй ма хъуыстаиккой закъонмӕ+ ӕмӕ сын ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ йӕ тыхы*+ фӕрцы раздӕры пехуымпарты+ уылты цы дзырдта, уымӕ. Ӕмӕ сӕм уый тыххӕй ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы маст ссыгъд»+.

  • Хъуыддӕгтӕ 7:51
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 51 О хивӕнд адӕм, сымахӕн уӕ зӕрдӕтӕ+ ӕмӕ уӕ хъустӕ сты ӕхгӕд*! Ӕдзухдӕр цӕут Хуыцауы сыгъдӕг тыхы ныхмӕ, раст уӕ фыдӕлтӕ куыд кодтой, афтӕ+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын