Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Левит 19:15
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 15 Хӕрам тӕрхон ма кӕнут. Мӕгуыр адӕймаджы ма хъулон кӕнут+ ӕмӕ кадджын адӕймаджы фарс ма ут+. Иннӕтӕн рӕстӕй тӕрхон кӕнут.

  • Дыккаг закъон 16:18
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 18 Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын дӕ мыггӕгтӕм гӕсгӕ кӕй дӕтты, уыцы горӕттӕй алкӕцыйы дӕр сӕвӕр тӕрхонгӕнджытӕ+ ӕмӕ хицӕуттӕ+. Уыдон хъуамӕ адӕмӕн кӕной раст тӕрхон.

  • Исай 1:17
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 17 Сахуыр ут хорздзинад аразын+, агурут рӕстдзинад+, иннӕты чи ӕфхӕры, уымӕн зонд амонут+, сидзӕрӕн* йӕ хъуыддаг рӕстӕй ӕвзарут+, идӕдзы сӕрыл-иу рахӕцут»+.

  • Йереми 21:12
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 12 О Давиды хӕдзар+, Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Алы райсом дӕр-иу+ рахӕссут раст тӕрхон+ ӕмӕ, кӕй бастыгътой, уыцы адӕймаджы ирвӕзын кӕнут, сайдӕй йыл чи рацыд, уымӕй+. Кӕннод мӕ маст артау ссудздзӕн+ ӕмӕ судздзӕн уе ’взӕр хъуыддӕгты тыххӕй, ӕмӕ йӕ чи ахуыссын кӕна, уый нӕ уыдзӕн“+.

  • Йезекил 22:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 7 Ницӕмӕ дӕм дарынц фыд ӕмӕ мады+, ӕрцӕуӕггагыл сайдӕй цӕуынц+, сидзӕры* ӕмӕ идӕдз усы ӕфхӕрынц“»+.

  • Йезекил 22:29
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 29 Бӕстӕйы адӕм сӕ хинӕйдзаг фӕндтӕ ӕххӕст кӕнынц+ ӕмӕ иннӕты стигъынц+, ӕфхӕрд ӕмӕ мӕгуыр адӕймаджы ссӕндынц+ ӕмӕ ӕрцӕуӕггагыл сайдӕй цӕуынц, йӕ хъуыддаг ын рӕстӕй не ’взарынц“+.

  • Михей 2:2
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 2 Кӕйдӕр зӕххытӕм бабӕллынц, ӕмӕ сӕ байсынц+, кӕйдӕр хӕдзӕрттӕм бабӕллынц, ӕмӕ сӕ сӕхи бакӕнынц. Адӕймагӕн йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ бинонты дӕр афӕливынц+, лӕгыл сайдӕй рацӕуынц ӕмӕ йын бынӕн лӕвӕрд чи ’рцыд, уыцы зӕхх ын байсынц+.

  • Захари 7:9
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 9 «Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ: „Ӕцӕг рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ тӕрхон кӕнут+, кӕрӕдзийы ӕнувыд уарзтӕй уарзут+ ӕмӕ кӕрӕдзимӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕвдисут+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын