Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • 2 Азфыстыты 36:16
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 16 Фӕлӕ уыдон ӕцӕг Хуыцауы минӕвӕрттӕй хынджылӕг кодтой+ ӕмӕ йын йӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ дардтой+, йӕ пехуымпартыл ын худтысты+ ӕмӕ уыйонг ӕрцыдысты, ӕмӕ Йегъовӕйы маст+ йӕ адӕммӕ ссыгъд, ӕмӕ сын сдзӕбӕх кӕнӕн нал уыди+.

  • Нееми 9:26
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 26 Фӕлӕ ӕгоммӕгӕс систы+, дӕ ныхмӕ рацыдысты+ ӕмӕ дын дӕ закъоныл сӕ къух систой+. Дӕ пехуымпартӕ-иу сӕ фӕдзӕхстой, цӕмӕй сӕ дӕумӕ раздӕхтаиккой+, фӕлӕ-иу сӕ уыдон амардтой+. Ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕй равдыстой, ӕппындӕр дӕ кӕй ницӕмӕ дардтой+.

  • Матфейы 21:35
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 35 Фӕлӕ йын кусджытӕ йӕ цагъарты ӕрцахстой, ӕмӕ дзы кӕй нӕмгӕ фӕкодтой, кӕй дзы маргӕ акодтой, кӕй та дзы дуртӕй фӕхостой+.

  • Матфейы 23:34
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 34 Уый тыххӕй уӕм фервитын+ пехуымпарты, зондджын лӕгты ӕмӕ зондамонджыты+. Кӕйдӕрты дзы амардзыстут+ ӕмӕ хъӕдыл байтындздзыстут, кӕйдӕрты та дзы уе ’мбырдгӕнӕнты ехсӕй нӕмдзыстут+ ӕмӕ иу горӕтӕй иннӕмӕ сӕ фӕдыл зилдзыстут.

  • Хъуыддӕгтӕ 7:52
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 52 Уӕ фыдӕлтӕ пехуымпартӕй кӕцыйы не ’фхӕрдтой?+ Рӕстгӕнӕджы+ ӕрцыды тыххӕй чи дзырдта, уыдоны амардтой+. Ӕмӕ ныр сымах уыцы Рӕстгӕнӕгыл гадзрахатӕй рацыдыстут ӕмӕ йӕ амардтат+.

  • 1 Фессалоникӕгтӕм 2:15
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 15 Уыдон суанг нӕ Хицау Йесойы+ дӕр амардтой, пехуымпарты+ куыд мардтой, афтӕ, стӕй мах фӕдыл дӕр зылдысты+. Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый нӕ аразынц, фӕлӕ цӕуынц, ӕппӕт адӕмӕн дӕр хорз цы у, уый ныхмӕ.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын