Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Йереми 25:9
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 9 уый тыххӕй ӕз фӕсиддзынӕн цӕгатаг адӕмтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр+,– зӕгъы Йегъовӕ,– фӕсиддзынӕн Вавилоны паддзах Навуходоносормӕ, мӕ лӕггадгӕнӕгмӕ+, ӕмӕ сӕ ракӕндзынӕн ацы зӕххы ныхмӕ+ ӕмӕ йӕ цӕрджыты ныхмӕ ӕмӕ, сӕ алыварс цыдӕриддӕр адӕмтӕ цӕры, уыдоны ныхмӕ+. Ӕз сӕ сӕфты хай бакӕндзынӕн ӕмӕ сӕ диссагӕн дзуринаг фӕкӕндзынӕн, чи-иу сӕ фена, уый-иу ныхситт кӕндзӕн+. Сӕ зӕхх сын ӕнустӕм ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн+.

  • Йереми 43:10
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 10 Ӕмӕ сын зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ, Израилы Хуыцау: „Ӕз фӕсиддзынӕн Вавилоны паддзах Навуходоносормӕ+, мӕ лӕггадгӕнӕгмӕ+, ӕмӕ йын йӕ паддзахбадӕн сӕвӕрдзынӕн, кӕй бамбӕхстон, тӕккӕ дӕр уыцы дурты сӕрмӕ, ӕмӕ уыцы дурты сӕрмӕ йӕ рӕсугъд цатыр айтынг кӕндзӕн.

  • Йезекил 29:18
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 18 «Адӕймаджы фырт, Вавилоны паддзах Навуходоносор+ йе ’фсадӕн Тиры ныхмӕ бакӕнын кодта стыр куыст+. Се ’ппӕтӕн дӕр сӕ сӕртӕ ныллӕгуын сты ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр се уӕхсчыты царм схаудта+. Фӕлӕ Тиры ныхмӕ цы куыст бакодта, уый тыххӕй йын Тир нӕдӕр йӕхицӕн, нӕдӕр йе ’фсадӕн мызд нӕ бафыста+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын