Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Левит 26:33
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 33 Сымах та ныххӕлиу кӕндзынӕн адӕмты ’хсӕн+. Ӕмӕ мӕ хъама йӕ кӕрддзӕмӕй сласдзынӕн ӕмӕ йӕ уӕ фӕдыл бафтаудзынӕн+, ӕмӕ уӕ зӕхх ӕдзӕрӕг фӕуыдзӕн+, уӕ горӕттӕй дур дурыл нал баззайдзӕн.

  • Дыккаг закъон 28:25
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 25 Йегъовӕ афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ дӕ де знӕгтӕ ныддӕрӕн кӕндзысты+. Сӕ ныхмӕ иу фӕндагыл рацӕудзынӕ, лидзгӕ та сӕ авд фӕндагыл кӕндзынӕ. Ӕмӕ зӕххыл цы паддзахӕдтӕ ис, уыдон, цы бӕллӕхтӕ дӕ баййӕфта, уый тыххӕй куы базоной, уӕд се ’ппӕты дӕр тас бацӕудзӕн+.

  • 2 Азфыстыты 29:8
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 8 Ӕмӕ Иудӕмӕ ӕмӕ Иерусалиммӕ Йегъовӕйы маст ссыгъд+, ӕмӕ сӕ диссагӕн дзуринаг фӕкодта+, цы сыл ӕрцыд, уый чи федта, уый-иу барызти+ ӕмӕ-иу ныхситт кодта+. Афтӕ кӕй у, уый уӕхи цӕстӕй дӕр уынут.

  • Йереми 15:4
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 4 Езекийы фырт Иудӕйы паддзах Манассийы тыххӕй, Манасси Иерусалимы цытӕ кодта+, уый тыххӕй сын ӕз ахӕм ми бакӕндзынӕн, ӕмӕ, зӕххыл цыдӕриддӕр паддзахӕдтӕ ис, уыдоны тас бацӕудзӕн+.

  • Йереми 24:10
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 10 Сӕ фӕдыл сын бафтаудзынӕн хъама+, ӕххормагдзинаг+ ӕмӕ фыдниз+, цалынмӕ, сӕхицӕн ӕмӕ сын сӕ фыдӕлтӕн кӕй радтон, уыцы зӕххӕй нӕ фесӕфой, уӕдмӕ“»+.

  • Йереми 34:17
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 17 Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Сымах мӕм нӕ байхъуыстат ӕмӕ уӕ алчидӕр йе ’фсымӕр ӕмӕ йӕ хионы не ссӕрибар кодта+. Гъемӕ уӕдӕ уӕ ӕз,– зӕгъы Йегъовӕ,– ссӕрибар кӕндзынӕн афтӕ+: хъама+, фыдниз+ ӕмӕ ӕххормагдзинадӕй+ амӕлдзыстут, ахӕм бӕллӕх уыл ӕруадздзынӕн, ӕмӕ, зӕххыл цыдӕриддӕр паддзахӕдтӕ ис, уыдоны тас бацӕудзӕн+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын