Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Йереми 14:14
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 14 Йегъовӕ та мын загъта: «Пехуымпартӕ мӕ номӕй кӕнынц мӕнг ныхӕстӕ+. Ӕз сӕ нӕ арвыстон, ницы сын бафӕдзӕхстон ӕмӕ сын ницы загътон+. Уыдон уын дзурынц мӕнг цӕстылуайӕнтӕ, сӕ кӕлӕнты фӕрцы цы базонынц, уыдӕттӕ, афтид ныхӕстӕ+ ӕмӕ сӕ хинӕйдзаг зӕрдӕйы фӕндтӕ, цыма пехуымпар-ныхӕстӕ сты, афтӕ+.

  • Йереми 23:21
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 21 Ӕз пехуымпарты не ’рвыстон, фӕлӕ-иу уыдон фӕцӕйзгъордтой. Ӕз сын ницы дзырдтон, фӕлӕ уыдон пехуымпариуӕг кодтой+.

  • Йереми 28:15
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 15 Ӕмӕ пехуымпар Йереми пехуымпар Ананийӕйӕн+ загъта: «Ананийӕ, байхъус-ма! Дӕу Йегъовӕ нӕ рарвыста. Ӕмӕ дӕу тыххӕй ацы адӕм мӕнг ныхӕстыл ӕууӕндынц+.

  • Йезекил 13:8
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 8 „Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Сымах гӕдыныхӕстӕ кӕй кодтат ӕмӕ цӕстылуайӕнты, мӕнг цы у, уый кӕй уыдтат, уый тыххӕй ӕз цӕуын уӕ ныхмӕ“+,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ“.

  • 2 Петры 2:1
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 2 Фӕлӕ Израилы адӕмы ’хсӕн уыди мӕнг пехуымпартӕ дӕр, ӕмӕ уе ’хсӕн дӕр уыдзӕн мӕнг ахуыргӕнджытӕ+. Уыдон сусӕгӕй араздзысты зианхӕссӕг сектӕтӕ. Чи сӕ балхӕдта, уыцы хицауы дӕр ныууадздзысты+, ӕмӕ афтӕмӕй сӕхи сӕфты хай бакӕндзысты, ӕмӕ се сӕфт ӕрцӕудзӕн ӕвиппайды.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын