Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Дыккаг закъон 30:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 3 уӕд Йегъовӕ, уӕ Хуыцау, уацары уӕ чи ис, уыдоны фӕстӕмӕ ӕрбакӕндзӕн+, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад+ уӕм равдисдзӕн ӕмӕ уӕ фӕстӕмӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уӕ цы адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кодта, уыдоны ’хсӕнӕй+.

  • Псалом 53:6
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  6 Тӕхуды, ӕмӕ Сионӕй куы ’рцӕуид Израилӕн стыр ирвӕзындзинад!+

      Йегъовӕ фӕстӕмӕ куы ӕрӕмбырд кӕна, йӕ адӕмӕй уацары чи ис, уыдоны+,

      Уӕд-иу Иаковы зӕрдӕ цинӕй райӕд, Израил-иу цин кӕнӕд+.

  • Йереми 27:22
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 22 „Вавилонмӕ сӕ ахӕсдзысты+, ӕмӕ уым уыдзысты, цалынмӕ сӕ не ’рцагурон, уӕдмӕ+,– зӕгъы Йегъовӕ.– Ӕмӕ сӕ уӕд ӕз рахӕсдзынӕн ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ ацы бынатмӕ ӕрхӕсдзынӕн“»+.

  • Йереми 29:14
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 14 Ӕмӕ уын мӕхи ссарын бауадздзынӕн“+,– зӕгъы Йегъовӕ. „Уацары уӕ чи ис,– уе ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кӕндзынӕн. Цы адӕмты ’хсӕн уӕ ныххӕлиу кодтон, уыдоны ’хсӕнӕй уӕ ракӕндзынӕн+, цы бӕстӕтыл уӕ ныппырх кодтон, уырдыгӕй уӕ ӕркӕндзынӕн,– зӕгъы Йегъовӕ.– Фӕстӕмӕ уӕ ӕркӕндзынӕн, уацары уӕ кӕцӕй акӕнын кодтон, уырдӕм“+.

  • Йезекил 39:25
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 25 Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Ныр ӕз фӕстӕмӕ ӕрбакӕндзынӕн, Иаковы байзӕддӕгтӕй уацары чи ис, уыдоны+ ӕмӕ ӕгас Израилы адӕммӕ равдисдзынӕн фӕлмӕнзӕрдӕдзинад+. Ӕмӕ равдисдзынӕн, мӕ сыгъдӕг номыл иузӕрдион кӕй дӕн+.

  • Иоил 3:1
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 3 «Уыцы бонты ӕмӕ уыцы рӕстӕг+, Иудӕйы ӕмӕ Иерусалимы цӕрджытӕй уацары чи уыд, уыдоны фӕстӕмӕ куы ’ркӕнон, уӕд+,

  • Амос 9:14
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 14 Мӕ адӕм Израилӕй уацары чи ис, уыдоны фӕстӕмӕ ’ркӕндзынӕн+, ӕмӕ ӕдзӕрӕг горӕттӕ ногӕй сараздзысты ӕмӕ дзы ’рцӕрдзысты+, сӕнӕфсирдӕттӕ скӕндзысты ӕмӕ сын сӕ сӕн нуаздзысты, дыргъдӕттӕ скӕндзысты ӕмӕ сын сӕ дыргъ хӕрдзысты“+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын