Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Йереми 33:8
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 8 Мӕ разы цы тӕригъӕдтӕ арӕзтой, уыдонӕй сӕ се ’ппӕтӕй дӕр ссыгъдӕг кӕндзынӕн+ ӕмӕ мӕ разы цы тӕригъӕдтӕ ӕмӕ фыдракӕндтӕ кодтой, уыдон сын иууылдӕр ныххатыр кӕндзынӕн+.

  • Йереми 50:20
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 20 «Уыцы бонты ӕмӕ уыцы рӕстӕг+,– зӕгъы Йегъовӕ,– агурдзысты Израилы фыдракӕнд+, фӕлӕ никуы уыдзӕн, агурдзысты Иудӕйы тӕригъӕдтӕ+, фӕлӕ сӕ не ссардзысты, уымӕн ӕмӕ ӕз ныххатыр кӕндзынӕн, удӕгасӕй кӕй ныууадздзынӕн, уыдонӕн»+.

  • Михей 7:18
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 18 Чи у дӕу хуызӕн Хуыцау?+ Ды хатыр кӕныс рӕдыд ӕмӕ ма де ’взӕрст адӕмӕй чи баззад, уыдонӕн+ сӕ тӕригъӕд ницӕмӕ ӕрдарыс*+. Ды ӕнустӕм нӕ мӕсты кӕндзынӕ, уымӕн ӕмӕ дын ӕхсызгон у адӕмы де ’нувыд уарзтӕй тавын+.

  • Матфейы 26:28
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 28 уымӕн ӕмӕ ацы сӕн нысан кӕны+ мӕ туг+ – „бадзырды туг“+, ӕмӕ ныккӕлдзӕн бирӕты тыххӕй+, цӕмӕй сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуой+.

  • Ромӕгтӕм 11:27
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 27 Ӕмӕ сӕ сӕ тӕригъӕдтӕй куы ссыгъдӕг кӕнон+, уӕд семӕ скӕндзынӕн бадзырд»+.

  • Дзуттӕгтӕм 8:12
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 12 Ӕз сын сӕ фыдхъуыддӕгтӕ ныххатыр кӕндзынӕн ӕмӕ сын сӕ тӕригъӕдтӕ+ нал ӕрхъуыды кӕндзынӕн“»+.

  • Дзуттӕгтӕм 9:15
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 15 Ӕмӕ Чырысти ног бадзырды ӕхсӕны лӕг+ дӕр уымӕн у. Уый ӕхсӕны лӕг сси, цӕмӕй, Хуыцау кӕй ӕрхуыдта, уыдон райстаиккой, ӕнустӕм сын уӕларвон хорздзинӕдтӕй хай кӕй уыдзӕн, уыцы зӕрдӕвӕрд+. Ӕмӕ уымӕн та гӕнӕн уыди йӕ мӕлӕты фӕрцы – уый фӕрцы ӕлхӕд ӕрцыдысты+ ӕмӕ ссӕрибар сты, фыццаг бадзырды+ рӕстӕджы цы тӕригъӕдтӕ ракодтой, уыдонӕй.

  • Дзуттӕгтӕм 10:17
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 17 Уый фӕстӕ та зӕгъы: «Ӕмӕ сын сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сӕ фыдхъуыддӕгтӕ нал ӕрхъуыды кӕндзынӕн»+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын