Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Дыккаг закъон 9:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 7 Дӕ зӕрдыл дар, рох дӕ ма уӕд, дӕ Хуыцау Йегъовӕйы ӕдзӕрӕг быдыры куыд мӕсты кодтай, уый+. Египеты зӕххӕй цы бон рацыдыстут, уыцы бонӕй, ардӕм куы ӕрбахӕццӕ стут, уыцы бонмӕ сымах цыдыстут Йегъовӕйы ныхмӕ+.

  • 2 Паддзӕхты 17:9
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 9 Израилы фырттӕ бафтыдысты, сӕ Хуыцау Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы хъуыддӕгтӕ уыдысты, уыдоныл+ ӕмӕ сӕхицӕн алы горӕты – хъахъхъӕнӕн мӕсгуытӕй+ суанг фидаргонд горӕтты онг – кувӕн бынӕттӕ скодтой+.

  • Нееми 9:16
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 16 Фӕлӕ нӕ фыдӕлтӕ сӕрбӕрзонд митӕ кодтой+. Схивӕнд сты+ ӕмӕ дын дӕ фӕдзӕхстытӕм нӕ хъуыстой.

  • Псалом 106:6
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  6 Мах нӕ фыдӕлтау тӕригъӕдты бафтыдыстӕм+,

      Кодтам ӕвзӕр митӕ, арӕзтам фыдхъуыддӕгтӕ+.

  • Йереми 2:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 7 Ӕз уӕ ӕрбакодтон, дыргъдӕттӕ кӕм уыди, уыцы зӕхмӕ, цӕмӕй уӕхи ӕфсӕстаиккат йӕ дыргътӕй ӕмӕ дзы цы алы диссӕгтӕ уыди, уыдонӕй+. Фӕлӕ сымах ӕрбацыдыстут ӕмӕ мын мӕ зӕхх фӕчъизи кодтат. Мӕ бынтӕ мын скодтат ӕлгъаг+.

  • Йереми 3:25
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 25 Мах схуыссӕм къӕмдзӕстыгӕй+, худинаджы бын фестӕм+, уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз нӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ суанг абоны онг арӕзтам тӕригъӕд+ – нӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕ дӕр+,– ӕмӕ нӕ хъуыстам нӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ»+.

  • Йезекил 16:8
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 8 „Ӕз дӕ рӕзты фӕцӕйцыдтӕн, ӕмӕ дӕ куы федтон, уӕд уый уыди дӕ уарзондзинады рӕстӕг+. Уӕд дӕ мӕ дарӕсы фӕдджийӕ ӕрӕмбӕрзтон+, дӕ бӕгънӕг буар дын бахгӕдтон ӕмӕ дын расомы кодтон ӕмӕ демӕ скодтон бадзырд+,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ,– ӕмӕ афтӕмӕй сдӕ мӕн+.

  • Йезекил 20:28
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 28 Ӕз сӕ ӕрбакодтон, мӕ къух хӕрдмӕ сисгӕйӕ сын кӕй тыххӕй расомы кодтон+, ратдзынӕн уын ӕй, зӕгъгӕ, уыцы зӕхмӕ+. Фӕлӕ-иу бӕрзонд къуыбыр+ кӕнӕ къалиуджын бӕлас кӕм федтой, уым-иу райдыдтой сӕ нывӕндтӕ ӕмӕ сӕ ӕнад кувинӕгтӕ хӕссын+, хастой сӕ нывӕндтӕ, цӕмӕй сӕ тӕф ӕхсызгон уыдаид+, ӕмӕ-иу рауагътой сӕ кувинаг нозт+.

  • Хъуыддӕгтӕ 7:51
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 51 О хивӕнд адӕм, сымахӕн уӕ зӕрдӕтӕ+ ӕмӕ уӕ хъустӕ сты ӕхгӕд*! Ӕдзухдӕр цӕут Хуыцауы сыгъдӕг тыхы ныхмӕ, раст уӕ фыдӕлтӕ куыд кодтой, афтӕ+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын