-
Дыккаг закъон 30:5Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
5 Уӕ Хуыцау Йегъовӕ уӕ бакӕндзӕн, уӕ фыдӕлтӕ кӕй бацахстой, уыцы зӕхмӕ, ӕмӕ йӕ бацахсдзыстут. Ӕмӕ уын араздзӕн хорздзинӕдтӕ ӕмӕ, уӕ фыдӕлтӕ цас уыдысты, уымӕй уӕ фылдӕр скӕндзӕн+.
-
-
Йереми 32:44Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
44 „Адӕм Вениамины+ зӕххы, Иерусалимы алыварс+, Иудӕйы горӕтты+, хӕхбӕсты ӕмӕ дӕлвӕзты цы горӕттӕ ис, уым+ ӕмӕ хуссайраг+ горӕтты ӕлхӕндзысты зӕххытӕ ӕмӕ-иу, зӕхх кӕй балхӕдтой, уый фӕдыл скӕндзысты гӕххӕтт+, мыхуыр-иу ыл сӕвӕрдзысты ӕмӕ-иу ӕвдисӕнтӕм+ фӕдзурдзысты, уымӕн ӕмӕ сӕ уацары чи ис, уыдоны ӕз фӕстӕмӕ ӕркӕндзынӕн“+,– зӕгъы Йегъовӕ».
-