Иов 38:33 Библи – Ног дунейы тӕлмац 33 Арвӕн йӕ закъӕттӕ базыдтай+,Науӕд дӕ бон у афтӕ бакӕнын, цӕмӕй зӕххыл дӕр сӕ бар цӕуа? Псалом 74:16 Библи – Ног дунейы тӕлмац 16 Бон дӕр дӕу у ӕмӕ ӕхсӕв дӕр+.Ды скодтай рухсгӕнӕн – хур+. Псалом 104:19 Библи – Ног дунейы тӕлмац 19 Ды скодтай мӕй рӕстӕджытӕ амонынӕн+.Хур йӕхӕдӕг зоны, кӕм хъуамӕ аныгуыла, уый+. Йереми 31:35 Библи – Ног дунейы тӕлмац 35 Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ, хур чи радта, цӕмӕй боныгон рухс кӕна+, мӕй+ ӕмӕ стъалытӕн закъӕттӕ+ чи сӕвӕрдта, цӕмӕй ӕхсӕвыгон рухс уа+, денджыз афтӕ чи сызмӕнты, ӕмӕ йӕ уылӕнтӕ сызнӕт вӕййынц+, йӕ ном ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ кӕмӕн у, уый+:
35 Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ, хур чи радта, цӕмӕй боныгон рухс кӕна+, мӕй+ ӕмӕ стъалытӕн закъӕттӕ+ чи сӕвӕрдта, цӕмӕй ӕхсӕвыгон рухс уа+, денджыз афтӕ чи сызмӕнты, ӕмӕ йӕ уылӕнтӕ сызнӕт вӕййынц+, йӕ ном ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ кӕмӕн у, уый+: