Йереми 32:29 Библи – Ног дунейы тӕлмац 29 Ацы горӕты ныхмӕ чи хӕцы, уыцы халдейтӕ ӕрбацӕудзысты, арт ыл бафтаудзысты ӕмӕ йӕ фӕнык фестын кӕндзысты+. Фӕнык фестын кӕндзысты, мӕн бафхӕрыны тыххӕй-иу Ваалӕн нывӕндты фӕздӕг цы хӕдзӕртты сӕрыл суагътой ӕмӕ-иу ӕндӕр хуыцӕуттӕн кувинаг нозт кӕм рауагътой, уыцы хӕдзӕрттӕ дӕр“+. Йереми 34:22 Библи – Ног дунейы тӕлмац 22 „Ӕз бардзырд ратдзынӕн,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ ацы горӕтмӕ ӕрбакӕндзынӕн+, ӕмӕ йемӕ схӕцдзысты, бацахсдзысты йӕ ӕмӕ йӕ арты хай бакӕндзысты+. Иудӕйы горӕттӕ ӕз фестын кӕндзынӕн ӕдзӕрӕг бӕстӕ, цӕрӕг дзы нал уыдзӕн“»+. Йереми 38:23 Библи – Ног дунейы тӕлмац 23 Ӕмӕ дын дӕ устыты ӕмӕ дӕ фыртты се ’ппӕты дӕр акӕндзысты халдейтӕм, ӕмӕ ды дӕр сӕ къухӕй нӕ аирвӕздзынӕ+ – Вавилоны паддзах дӕ ӕрцахсдзӕн. Ӕмӕ дӕу тыххӕй ацы горӕт арты хай бауыдзӕн»+. Йереми 39:8 Библи – Ног дунейы тӕлмац 8 Халдейтӕ басыгътой паддзахы хӕдзар ӕмӕ адӕмы хӕдзӕрттӕ+ ӕмӕ ныппырх кодтой Иерусалимы къултӕ+.
29 Ацы горӕты ныхмӕ чи хӕцы, уыцы халдейтӕ ӕрбацӕудзысты, арт ыл бафтаудзысты ӕмӕ йӕ фӕнык фестын кӕндзысты+. Фӕнык фестын кӕндзысты, мӕн бафхӕрыны тыххӕй-иу Ваалӕн нывӕндты фӕздӕг цы хӕдзӕртты сӕрыл суагътой ӕмӕ-иу ӕндӕр хуыцӕуттӕн кувинаг нозт кӕм рауагътой, уыцы хӕдзӕрттӕ дӕр“+.
22 „Ӕз бардзырд ратдзынӕн,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ ацы горӕтмӕ ӕрбакӕндзынӕн+, ӕмӕ йемӕ схӕцдзысты, бацахсдзысты йӕ ӕмӕ йӕ арты хай бакӕндзысты+. Иудӕйы горӕттӕ ӕз фестын кӕндзынӕн ӕдзӕрӕг бӕстӕ, цӕрӕг дзы нал уыдзӕн“»+.
23 Ӕмӕ дын дӕ устыты ӕмӕ дӕ фыртты се ’ппӕты дӕр акӕндзысты халдейтӕм, ӕмӕ ды дӕр сӕ къухӕй нӕ аирвӕздзынӕ+ – Вавилоны паддзах дӕ ӕрцахсдзӕн. Ӕмӕ дӕу тыххӕй ацы горӕт арты хай бауыдзӕн»+.