Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • 2 Азфыстыты 36:15
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 15 Сӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕ сӕ ӕдзух фӕдзӕхста йӕ минӕвӕртты+ уылты, ӕппынӕдзух сӕм сӕ ӕрвыста, уымӕн ӕмӕ йӕ адӕмыл+ ӕмӕ йӕ цӕрӕнбынатыл+ йӕ зӕрдӕ рысти.

  • Исай 65:2
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 2 Алы бон дӕр мӕ къухтӕ ивӕзтон хивӕнд+ адӕммӕ, ӕвзӕр фӕндагыл чи лӕууы+, йӕхи зондыл чи цӕуы+, уыдонмӕ.

  • Йереми 7:25
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 25 Афтӕ кодтой, сӕ фыдӕлтӕ Египеты зӕххӕй куы рацыдысты, уыцы бонӕй суанг абоны онг+. Ӕз та сӕм ӕрвыстон ме ’ппӕт лӕггадгӕнджыты, мӕ пехуымпарты, алы бон дӕр-иу раджы сыстадтӕн ӕмӕ-иу сӕ арвыстон+.

  • Йереми 25:4
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 4 Йегъовӕ уӕм ӕрвыста йӕ пехуымпарты, раджы-иу сыстад ӕмӕ-иу сӕ арвыста, фӕлӕ сӕм сымах нӕ хъуыстат+, уӕ хъус дӕр-иу сӕм не ’рдардтат+.

  • Йереми 26:5
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 5 ӕмӕ мын мӕ пехуымпарты ныхӕстӕм, райсомӕй раджы куы сыстын, уӕд уӕм кӕй арвитын, уыцы пехуымпарты ныхӕстӕм, куы нӕ хъусат, ныр сӕм куыд нӕ хъусут, афтӕ+,

  • Йереми 29:19
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 19 уымӕн ӕмӕ нӕ хъуыстой, цы-иу сын дзырдтон, уымӕ,– зӕгъы Йегъовӕ.– Мӕ ныхӕстӕ-иу сын арвыстон мӕ лӕггадгӕнджытӕн, мӕ пехуымпартӕн,– раджы-иу сыстадтӕн ӕмӕ-иу сын сӕ арвыстон“+.

      „Фӕлӕ сӕм сымах нӕ хъуыстат“+,– зӕгъы Йегъовӕ.

  • Йереми 35:15
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 15 Ӕз уӕм ӕрвыстон ме ’ппӕт лӕггадгӕнджыты, мӕ пехуымпарты+, раджы-иу сыстадтӕн ӕмӕ-иу сӕ арвыстон, ӕмӕ уын дзырдтон: „Уӕ хорзӕхӕй, уе ’взӕр фӕндӕгтӕ ныууадзут+ ӕмӕ уӕ хъуыддӕгтӕ сраст кӕнут+. Ма цӕут ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл, ма сын кувут+. Ӕмӕ цӕрут, сымахӕн ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн кӕй радтон, уыцы зӕххыл“+. Фӕлӕ-иу мӕм сымах уӕ хъус дӕр не ’рдардтат, нӕ мӕм хъуыстат+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын