Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • 1 Паддзӕхты 15:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 3 Ави дӕр арӕзта, йӕ фыд цы тӕригъӕдтӕ арӕзта, уыдон ӕмӕ йӕ зӕрдӕ йӕ Хуыцау Йегъовӕимӕ ӕнӕхъӕнӕй нӕ уыд+, йӕ фыдӕл Давиды зӕрдӕ куыд уыд Хуыцауимӕ, афтӕ+.

  • 2 Азфыстыты 21:11
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 11 Иорам ма Иудӕйы хӕхты скодта кувӕн бынӕттӕ+, цӕмӕй Иерусалимы цӕрджыты хӕтыныл бафтыдтаид+ ӕмӕ Иудӕйы адӕмы раст фӕндагӕй фӕиппӕрд кодтаид+.

  • 2 Азфыстыты 25:14
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 14 Фӕлӕ Амаси едомӕгты куы ныппырх кодта ӕмӕ фӕстӕмӕ куы ’рыздӕхт, уӕд йемӕ ӕрхаста Сеиры фыртты хуыцӕутты+ ӕмӕ сӕ йӕхицӕн сӕвӕрдта, адон мӕ хуыцӕуттӕ уыдзысты+, зӕгъгӕ. Ӕмӕ сын райдыдта кувын, сӕ разы йӕ зонгуытыл лӕууыд+ ӕмӕ сын нывӕндты фӕздӕг уагъта+.

  • 2 Азфыстыты 33:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 3 Йӕ фыд Езеки цы кувӕн бынӕттӕ+ ныппырх кодта+, уыдон та ногӕй сарӕзта, Ваалтӕн+ нывондхӕссӕнтӕ сӕвӕрдта+ ӕмӕ скодта кувӕн цӕджындзтӕ+. Манасси табу кодта+ ӕмӕ куывта+, арвыл цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕн*+.

  • Йереми 44:17
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 17 Цыдӕриддӕр загътам, уый кӕндзыстӕм+: „уӕлӕрвты ус-паддзахӕн“ нывӕндты фӕздӕг уадздзыстӕм+ ӕмӕ йын кувинаг нозт хӕсдзыстӕм+. Афтӕ кодтам Иудӕйы горӕтты ӕмӕ Иерусалимы уынгты нӕхӕдӕг+ дӕр ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕ+ дӕр, нӕ паддзӕхтӕ+ ӕмӕ нӕ кънйӕзтӕ, хӕринагӕй цух куы нӕ уыдыстӕм, нӕхицӕн дзӕбӕх куы цардыстӕм ӕмӕ ӕнӕфыдбылыз куы уыдыстӕм, уӕд+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын