Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Псалом 46:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  7 Ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ ис немӕ+,

      Иаковы Хуыцау у нӕ бӕрзонд хох+. (Села́)

  • Исай 43:2
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 2 Дӕттыл куы цӕуай+, уӕд ӕз уыдзынӕн демӕ+. Цӕугӕдӕтты сӕрты куы хизай, уӕд дӕ дон нӕ аласдзӕн+. Арты астӕуты куы цӕуай, уӕд нӕ басудздзынӕ, арты ӕвзӕгтӕ дыл ӕндзӕвгӕ дӕр нӕ акӕндзысты+.

  • Йереми 1:19
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 19 Уыдон демӕ тох кӕндзысты, фӕлӕ дыл нӕ фӕуӕлахиз уыдзысты+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Ӕз демӕ дӕн+, цӕмӕй дӕ ирвӕзын кӕнон“»+.

  • Йереми 15:20
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 20 «Ӕз дӕ ацы адӕмӕн скодтон фидаргонд ӕрхуы къул+. Уыдон демӕ тох кӕндзысты, фӕлӕ дыл нӕ фӕуӕлахиз уыдзысты+, уымӕн ӕмӕ ӕз демӕ дӕн, цӕмӕй дӕ хъахъхъӕнон ӕмӕ дӕ ирвӕзын кӕнон+,– зӕгъы Йегъовӕ.–

  • Йереми 30:10
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 10 «Ма тӕрс, Иаков, мӕ лӕггадгӕнӕг,– зӕгъы Йегъовӕ,– дӕ зӕрдӕйы дын тас мацы уадзӕд, Израил+. Ӕз дӕ фервӕзын кӕндзынӕн, дард ранӕй дӕ ӕркӕндзынӕн ӕмӕ дын дӕ байзӕддӕгты ӕрбакӕндзынӕн, уацары кӕм сты, уырдыгӕй+. Иаков фӕстӕмӕ ӕрыздӕхдзӕн ӕмӕ йӕхицӕн сабырӕй ӕмӕ фӕрнӕй цӕрдзӕн ӕмӕ йын тӕссаг никӕмӕй уыдзӕн»+.

  • Ромӕгтӕм 8:31
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 31 Ӕмӕ уӕд уый тыххӕй цы зӕгъӕм? Кӕд Хуыцау немӕ ис, уӕд нӕ ныхмӕ чи уыдзӕн?+

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын