Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Левит 18:25
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 25 Ӕмӕ зӕхх дӕр счъизи, ӕмӕ йӕ ӕз бафхӕрдзынӕн, цы тӕригъӕдтӕ йыл фӕкодтой, уыдоны тыххӕй, ӕмӕ зӕхх йӕ цӕрджыты йӕхицӕй раппардзӕн+.

  • Левит 26:33
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 33 Сымах та ныххӕлиу кӕндзынӕн адӕмты ’хсӕн+. Ӕмӕ мӕ хъама йӕ кӕрддзӕмӕй сласдзынӕн ӕмӕ йӕ уӕ фӕдыл бафтаудзынӕн+, ӕмӕ уӕ зӕхх ӕдзӕрӕг фӕуыдзӕн+, уӕ горӕттӕй дур дурыл нал баззайдзӕн.

  • Дыккаг закъон 28:36
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 36 Йегъовӕ дын дӕхи+ дӕр ӕмӕ, дӕхицӕн кӕй сӕвӕрай, уыцы паддзахы+ дӕр акӕндзӕн, дӕхӕдӕг дӕр кӕй нӕ зыдтай ӕмӕ дӕ фыдӕлтӕ дӕр кӕй нӕ зыдтой, уыцы адӕммӕ. Ӕмӕ уым кувдзынӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн, хъӕдӕй ӕмӕ дурӕй конд хуыцӕуттӕн+.

  • Исай 24:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 3 Зӕхх сафтид уыдзӕн, цы йыл ис, уый фӕхӕсдзысты+, уымӕн ӕмӕ ацы ныхас загъта Йегъовӕ+.

  • Йереми 25:9
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 9 уый тыххӕй ӕз фӕсиддзынӕн цӕгатаг адӕмтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр+,– зӕгъы Йегъовӕ,– фӕсиддзынӕн Вавилоны паддзах Навуходоносормӕ, мӕ лӕггадгӕнӕгмӕ+, ӕмӕ сӕ ракӕндзынӕн ацы зӕххы ныхмӕ+ ӕмӕ йӕ цӕрджыты ныхмӕ ӕмӕ, сӕ алыварс цыдӕриддӕр адӕмтӕ цӕры, уыдоны ныхмӕ+. Ӕз сӕ сӕфты хай бакӕндзынӕн ӕмӕ сӕ диссагӕн дзуринаг фӕкӕндзынӕн, чи-иу сӕ фена, уый-иу ныхситт кӕндзӕн+. Сӕ зӕхх сын ӕнустӕм ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын