Дыккаг закъон 11:14 Библи – Ног дунейы тӕлмац 14 уӕд уын уый* уӕ зӕххӕн дӕтдзӕн къӕвдатӕ сӕ афоныл+ – фӕззыгон къӕвдатӕ ӕмӕ уалдзыгон къӕвдатӕ+,– ӕмӕ-иу уӕ хорӕй тыллӕг сисдзыстут, уыдзӕн уӕм адджын сӕн ӕмӕ сой. Псалом 147:8 Библи – Ног дунейы тӕлмац 8 Уый арв бамбӕрзы мигътӕй+,Зӕххӕн къӕвда ӕрцӕттӕ кӕны+,Хӕхтыл сзайын кӕны цъӕх кӕрдӕг+. Иоил 2:23 Библи – Ног дунейы тӕлмац 23 Сионы фырттӕ, сымахӕн дӕр уӕ зӕрдӕ райӕд, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уе стыр цин уӕд+, уымӕн ӕмӕ уын фӕззыгон къӕвдатӕ, цас хъӕуы, уыйбӕрц ратдзӕн+, раздӕрау уын рауадздзӕн тӕрккъӕвдатӕ, фӕззыгон къӕвда ӕмӕ уалдзыгон къӕвда+. Иаковы 5:7 Библи – Ног дунейы тӕлмац 7 Ме ’фсымӕртӕ, нӕ Хицау цалынмӕ не ’рцӕуа*+, уӕдмӕ ут фӕразон. Зӕхкусӕг дӕр фӕразонӕй фенхъӕлмӕ кӕсы зӕххы зынаргъ тыллӕгмӕ, цалынмӕ фӕззыгон ӕмӕ уалдзыгон къӕвдатӕ нӕ рауарынц, уӕдмӕ+.
14 уӕд уын уый* уӕ зӕххӕн дӕтдзӕн къӕвдатӕ сӕ афоныл+ – фӕззыгон къӕвдатӕ ӕмӕ уалдзыгон къӕвдатӕ+,– ӕмӕ-иу уӕ хорӕй тыллӕг сисдзыстут, уыдзӕн уӕм адджын сӕн ӕмӕ сой.
23 Сионы фырттӕ, сымахӕн дӕр уӕ зӕрдӕ райӕд, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уе стыр цин уӕд+, уымӕн ӕмӕ уын фӕззыгон къӕвдатӕ, цас хъӕуы, уыйбӕрц ратдзӕн+, раздӕрау уын рауадздзӕн тӕрккъӕвдатӕ, фӕззыгон къӕвда ӕмӕ уалдзыгон къӕвда+.
7 Ме ’фсымӕртӕ, нӕ Хицау цалынмӕ не ’рцӕуа*+, уӕдмӕ ут фӕразон. Зӕхкусӕг дӕр фӕразонӕй фенхъӕлмӕ кӕсы зӕххы зынаргъ тыллӕгмӕ, цалынмӕ фӕззыгон ӕмӕ уалдзыгон къӕвдатӕ нӕ рауарынц, уӕдмӕ+.