Исай 1:11 Библи – Ног дунейы тӕлмац 11 «Цы пайда мын сты уӕ бирӕ нывӕндтӕ? – зӕгъы Йегъовӕ.– Судзгӕ кӕй бакӕнут+, уыцы фырытӕй+ ӕмӕ хӕрзхаст фосы фиуӕй+ мӕ хъуырмӕ дӕн. Уӕ уӕнгуыты, уӕ нӕл уӕрыччыты ӕмӕ уӕ нӕл сӕгъты+ тугӕй+ мӕ зӕрдӕ нӕ рухс кӕны+. Йереми 6:20 Библи – Ног дунейы тӕлмац 20 «Савӕйӕ+ урс буд кӕй ласыс ӕмӕ дард бӕстӕй – хӕрздӕф хъӕз, уый мӕ истӕмӕн хъӕуы? Уӕ судзинаг нывӕндтӕ мын ӕхсызгон не сты+, уӕ нывӕндтӕй мӕ зӕрдӕ ӕппындӕр нӕ рухс кӕны»+. Оси 8:13 Библи – Ног дунейы тӕлмац 13 Кувинагӕн мын дзидза хастой+ ӕмӕ, мӕ зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уый хордтой+,– зӕгъы Йегъовӕ.– Фӕлӕ сын ныр ӕз сӕ фыдракӕндтӕ ӕрхъуыды кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ дзуапп ӕрдомдзынӕн сӕ тӕригъӕдты тыххӕй+. Уыдон Египетмӕ аздӕхтысты+. Амос 5:21 Библи – Ног дунейы тӕлмац 21 Уӕ бӕрӕгбӕттӕй ӕз ме сӕфт уынын, нӕ мӕ хъӕуынц!+ Уӕ сӕрмагонд ӕмбырдты цы нывӕндтӕ ӕрхӕссут, уыдоны тӕф мын ӕхсызгон нӕ уыдзӕн+.
11 «Цы пайда мын сты уӕ бирӕ нывӕндтӕ? – зӕгъы Йегъовӕ.– Судзгӕ кӕй бакӕнут+, уыцы фырытӕй+ ӕмӕ хӕрзхаст фосы фиуӕй+ мӕ хъуырмӕ дӕн. Уӕ уӕнгуыты, уӕ нӕл уӕрыччыты ӕмӕ уӕ нӕл сӕгъты+ тугӕй+ мӕ зӕрдӕ нӕ рухс кӕны+.
20 «Савӕйӕ+ урс буд кӕй ласыс ӕмӕ дард бӕстӕй – хӕрздӕф хъӕз, уый мӕ истӕмӕн хъӕуы? Уӕ судзинаг нывӕндтӕ мын ӕхсызгон не сты+, уӕ нывӕндтӕй мӕ зӕрдӕ ӕппындӕр нӕ рухс кӕны»+.
13 Кувинагӕн мын дзидза хастой+ ӕмӕ, мӕ зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уый хордтой+,– зӕгъы Йегъовӕ.– Фӕлӕ сын ныр ӕз сӕ фыдракӕндтӕ ӕрхъуыды кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ дзуапп ӕрдомдзынӕн сӕ тӕригъӕдты тыххӕй+. Уыдон Египетмӕ аздӕхтысты+.
21 Уӕ бӕрӕгбӕттӕй ӕз ме сӕфт уынын, нӕ мӕ хъӕуынц!+ Уӕ сӕрмагонд ӕмбырдты цы нывӕндтӕ ӕрхӕссут, уыдоны тӕф мын ӕхсызгон нӕ уыдзӕн+.