Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Райдиан 8:1
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 8 Уый фӕстӕ Хуыцауӕн йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд+ Ной, стӕй, йемӕ науы+ чи уыди, ӕппӕт уыцы хъӕддаг сырдтӕ ӕмӕ хӕдзарон фос дӕр. Ӕмӕ Хуыцау зӕххыл рауагъта дымгӕ*, ӕмӕ дон къаддӕр кӕнын райдыдта+.

  • Рацыд 14:21
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 21 Гъемӕ Моисей йӕ къух денджызмӕ адардта+, ӕмӕ Йегъовӕ скӕсӕнӕй тыхджын дымгӕ рауагъта ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв денджызы дон тардта. Ӕмӕ дон дыууӕ дихы фӕци+ ӕмӕ денджызӕн йӕ бын бахус+.

  • Нымӕцтӕ 11:31
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 31 Уӕд Йегъовӕ дымгӕ+ сыстын кодта, ӕмӕ уыцы дымгӕ денджызӕй ӕрбахаста уӕрццытӕ+. Ӕмӕ сӕ ныккалдта, цатыртӕ кӕм ӕвӕрд уыдысты, уыцы бынаты алыварс: иуырдӕм дӕр иу боны цыдӕн, ӕмӕ иннӕрдӕм дӕр иу боны цыдӕн, зӕххӕй та уыдысты дыууӕ ӕлмӕрины* бӕрзӕндыл.

  • Псалом 107:25
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 25 Ныхас фӕзӕгъы – ӕмӕ сысты тыхджын дымгӕ+

      Ӕмӕ йын йӕ уылӕнтӕ хӕрдмӕ сисы+.

  • Псалом 147:18
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 18 Рарвиты йӕ ныхас+, ӕмӕ атайынц.

      Дымгӕ радымын кӕны+,

      Ӕмӕ дӕттӕ цыхцырӕг фестынц.

  • Ионӕ 1:4
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 4 Уӕд Йегъовӕ денджызы тыхджын дымгӕ сыстын кодта+. Гъемӕ денджызы ахӕм уад сыстад+, ӕмӕ нау, гыццыл ма, ӕмӕ ныппырх уыдаид.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын