Исай 13:9 Библи – Ног дунейы тӕлмац 9 Йегъовӕйы бон ӕрцӕуы – йӕ фыдӕх ӕмӕ йӕ судзгӕ мастӕй пиллон арт уадзы,– цӕмӕй уыцы зӕхх диссагӕн дзуринаг фӕкӕна+ ӕмӕ йыл цы тӕригъӕдджынтӕ ис, уыдоны фесафа+. Исай 27:11 Библи – Ног дунейы тӕлмац 11 Йӕ таутӕ куы бахус уой, уӕд сылгоймӕгтӕ ӕрбацӕудзысты, ӕрсӕтдзысты сӕ ӕмӕ сӕ басудздзысты+. Ацы адӕм ӕппындӕр ницы ӕмбарынц+. Ӕмӕ сӕм се Сфӕлдисӕг дӕр уый тыххӕй фӕлмӕнзӕрдӕдзинад нӕ равдисдзӕн, се Скӕнӕг сын нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзӕн+. Йезекил 7:4 Библи – Ног дунейы тӕлмац 4 Нӕ дын фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн+ ӕмӕ дыл нӕ бацауӕрддзынӕн, фӕлӕ дын дӕ хъуыддӕгтӕ дӕхи сӕрӕн баййафын кӕндзынӕн, ӕмӕ дӕ куы бафхӕрон, уӕд дӕхиуыл бавзардзынӕ, де ’лгъаг хъуыддӕгтӕ цӕмӕ ’ркӕндзысты, уый+. Ӕмӕ йӕ базондзыстут, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ“+. Йезекил 24:14 Библи – Ног дунейы тӕлмац 14 Уый загътон ӕз, Йегъовӕ+. Уый ӕнӕмӕнг ӕрцӕудзӕн+, ӕмӕ ӕз архайдзынӕн. Афтӕ йӕ нӕ ныууадздзынӕн+, стӕй дын нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн+ ӕмӕ нӕ фӕфӕсмон кӕндзынӕн+. Дӕуӕн тӕрхон кӕндзысты+ дӕ фӕндӕгтӕм гӕсгӕ ӕмӕ дӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ“,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ». Ромӕгтӕм 2:5 Библи – Ног дунейы тӕлмац 5 Фӕлӕ хивӕнд кӕй дӕ+ ӕмӕ дӕ ӕрфӕсмон кӕнын кӕй нӕ фӕнды+, уый тыххӕй дӕхи Хуыцауы фыдӕхы хай кӕныс+. Хуыцау йӕ фыдӕх ныккалдзӕн+ йӕ судзгӕ масты бон+ – раст тӕрхон куы кӕна*, уыцы бон+.
9 Йегъовӕйы бон ӕрцӕуы – йӕ фыдӕх ӕмӕ йӕ судзгӕ мастӕй пиллон арт уадзы,– цӕмӕй уыцы зӕхх диссагӕн дзуринаг фӕкӕна+ ӕмӕ йыл цы тӕригъӕдджынтӕ ис, уыдоны фесафа+.
11 Йӕ таутӕ куы бахус уой, уӕд сылгоймӕгтӕ ӕрбацӕудзысты, ӕрсӕтдзысты сӕ ӕмӕ сӕ басудздзысты+. Ацы адӕм ӕппындӕр ницы ӕмбарынц+. Ӕмӕ сӕм се Сфӕлдисӕг дӕр уый тыххӕй фӕлмӕнзӕрдӕдзинад нӕ равдисдзӕн, се Скӕнӕг сын нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзӕн+.
4 Нӕ дын фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн+ ӕмӕ дыл нӕ бацауӕрддзынӕн, фӕлӕ дын дӕ хъуыддӕгтӕ дӕхи сӕрӕн баййафын кӕндзынӕн, ӕмӕ дӕ куы бафхӕрон, уӕд дӕхиуыл бавзардзынӕ, де ’лгъаг хъуыддӕгтӕ цӕмӕ ’ркӕндзысты, уый+. Ӕмӕ йӕ базондзыстут, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ“+.
14 Уый загътон ӕз, Йегъовӕ+. Уый ӕнӕмӕнг ӕрцӕудзӕн+, ӕмӕ ӕз архайдзынӕн. Афтӕ йӕ нӕ ныууадздзынӕн+, стӕй дын нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн+ ӕмӕ нӕ фӕфӕсмон кӕндзынӕн+. Дӕуӕн тӕрхон кӕндзысты+ дӕ фӕндӕгтӕм гӕсгӕ ӕмӕ дӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ“,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ».
5 Фӕлӕ хивӕнд кӕй дӕ+ ӕмӕ дӕ ӕрфӕсмон кӕнын кӕй нӕ фӕнды+, уый тыххӕй дӕхи Хуыцауы фыдӕхы хай кӕныс+. Хуыцау йӕ фыдӕх ныккалдзӕн+ йӕ судзгӕ масты бон+ – раст тӕрхон куы кӕна*, уыцы бон+.