Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Райдиан 6:5
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 5 Йегъовӕ федта, зӕххыл адӕм бынысӕфт кӕй фесты ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ иууылдӕр кӕй уыдысты+ ӕрмӕст ӕвзӕрдзинадыл+.

  • Райдиан 8:21
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 21 Ӕмӕ Йегъовӕмӕ схӕццӕ нывӕндты тӕф ӕмӕ йын уыди ӕхсызгон+, ӕмӕ Йегъовӕ йӕхицӕн загъта+: «Ӕз зӕхх+ адӕймаджы тыххӕй никуыуал ралгъитдзынӕн, уымӕн ӕмӕ адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ* здӕхт+ у ӕвзӕрдзинадмӕ+. Ныр куыд бакодтон, афтӕ никуыуал бакӕндзынӕн – зӕххыл удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдоны се ’ппӕты никуыуал фесафдзынӕн+.

  • Ӕмбисӕндтӕ 28:26
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 26 Йӕ зӕрдӕйыл йӕ ныфс чи дары, уый у ӕнӕзонд+, зонды фӕндагыл чи цӕуы, уый та фервӕздзӕн+.

  • Исай 44:20
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 20 Уымӕн йӕ хӕринаг у фӕнык+. Йӕ зӕрдӕ фӕсайды ӕмӕ йӕ фӕрӕдийын кодта+. Ӕмӕ йӕ уд фервӕзын кӕныныл нӕ архайы ӕмӕ афтӕ нӕ зӕгъы: «Цымӕ мӕ рахиз къухы мӕнгдзинад нӕй?»+

  • Исай 59:13
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 13 Мах арӕзтам тӕригъӕдтӕ ӕмӕ-иу Йегъовӕйыл нӕ къух систам+, нӕ Хуыцауы-иу ныууагътам. Дзырдтам-иу ӕфхӕрды ӕмӕ фыдракӕндты тыххӕй+. Нӕ зӕрдӕты-иу фӕзынд мӕнгдзинад ӕмӕ-иу кодтам мӕнг ныхӕстӕ+.

  • Иаковы 1:14
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 14 Алкӕмӕн дӕр фӕлварӕн вӕййы, йӕхи зӕрдӕйы фӕнд ӕй кӕй сцырен кӕны ӕмӕ йӕ фӕдыл кӕй ацӕуы, уый+.

  • Иаковы 1:26
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 26 Кӕд исчи йӕхи Хуыцауӕн кувӕг адӕймагыл нымайы+, йе ’взаджы рохтыл та нӕ хӕцы+, уӕд йӕхи* сайы+, ӕмӕ ахӕмӕн йӕ дин ницы у+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын