Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Йереми 2:8
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 8 Сауджынтӕ дӕр нӕ дзырдтой: „Кӕм ис Йегъовӕ?“+ Закъонамонджытӕ мӕ нӕ зыдтой+, фыййӕуттӕ мӕ разы фыдракӕндтӕ арӕзтой+ ӕмӕ суанг пехуымпартӕ дӕр дзырдтой Ваалы номӕй+ ӕмӕ цыдысты, пайда кӕмӕй нӕй, уыцы хуыцӕутты фӕдыл+.

  • Йереми 5:12
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 12 Уыдон Йегъовӕйыл сӕ къух систой ӕмӕ дзурынц: „Хуыцау нӕй+. Махыл ницы ’рцӕудзӕн, нӕ нӕ баййафдзӕн хъамайы азар, ӕххормаг заман ныл не скӕндзӕн“+.

  • Йереми 5:31
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 31 пехуымпартӕ кӕнынц мӕнг ныхӕстӕ+, сауджынтӕ адӕмы ссӕндынц, сӕхи цы фӕнды, уый аразынц+. Ӕмӕ уый мӕ адӕмы зӕрдӕмӕ цӕуы+. Фӕлӕ уыдӕттӕн кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд куыд кӕндзыстут?»+

  • Йереми 23:16
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 16 Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ: «Чи пехуымпариуӕг кӕны, уыцы пехуымпарты ныхӕстӕм ма хъусут+. Уыдоны тыххӕй суыдзыстут ницӕйаг+. Цы цӕстылуайӕнтӕ уын дзурынц, уыдон дзурынц сӕхи зондӕй+ – Йегъовӕ сын сӕ нӕ дзуры+.

  • Йереми 27:14
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 14 Афтӕ уын чи дзуры, Вавилоны паддзахӕн нӕ лӕггад кӕндзыстут+, зӕгъгӕ, уыцы пехуымпартӕм ма хъусут, уымӕн ӕмӕ уын мӕнг ныхӕстӕ кӕнынц+.

  • Йереми 29:9
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 9 уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Мӕнг ныхӕстӕ уын кӕнынц мӕ номӕй. Ӕз сӕ нӕ арвыстон“»+.

  • Йезекил 13:2
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 2 «Адӕймаджы фырт, пехуымпариуӕг кӕн Израилы пехуымпарты тыххӕй, пехуымпариуӕг чи кӕны, уыдоны тыххӕй+. Ӕмӕ, йӕхи зондӕй чи пехуымпариуӕг кӕны, уыдонӕн зӕгъ+: „Байхъусут Йегъовӕйы ныхасмӕ+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын