Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • 2 Азфыстыты 36:16
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 16 Фӕлӕ уыдон ӕцӕг Хуыцауы минӕвӕрттӕй хынджылӕг кодтой+ ӕмӕ йын йӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ дардтой+, йӕ пехуымпартыл ын худтысты+ ӕмӕ уыйонг ӕрцыдысты, ӕмӕ Йегъовӕйы маст+ йӕ адӕммӕ ссыгъд, ӕмӕ сын сдзӕбӕх кӕнӕн нал уыди+.

  • Нееми 9:33
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 33 Кӕд ныл ахӕм бӕллӕхтӕ ӕрцыд, уӕддӕр ды раст дӕ+, уымӕн ӕмӕ ды иузӕрдион+ уыдтӕ, мах та фыдхъуыддӕгтӕ арӕзтам+.

  • Йереми 30:14
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 14 Бирӕ дӕ чи уарзта, уыдон дӕ иууылдӕр ферох кодтой+. Нал дӕ агурынц, уымӕн ӕмӕ дӕ ӕз дӕ бирӕ фыдракӕндты+ тыххӕй знаджы цӕф фӕкодтон+, ӕгъатыр адӕймаджы къухӕй дӕ бафхӕрдтон+. Дӕ тӕригъӕдтӕн нымӕц дӕр нал ис+.

  • Йеремийы хъарӕг 1:18
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 18 Йегъовӕ раст у+, уымӕн ӕмӕ ӕз йӕ ныхасы ныхмӕ рацыдтӕн+.

      Байхъусут, адӕмтӕ, ӕмӕ кӕсут, куыд риссын, уымӕ.

      Мӕ чызджыты ӕмӕ мын ме ’рыгон лӕппуты уацары акодтой+.

  • Йезекил 8:17
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 17 Ӕмӕ мын загъта: «Адӕймаджы фырт, уыныс адӕттӕ? Фаг не сты Иудӕйы адӕмӕн, ам цы ӕлгъаг митӕ кӕнынц, уыдон? Хъуамӕ ма зӕхх тыхмийӕ байдзаг кӕной+ ӕмӕ та мӕ ногӕй ӕфхӕрой ӕмӕ мын мӕ фындзы бынмӕ къалиу хӕссой?

  • Данел 9:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 7 О Йегъовӕ, дӕумӕ ис рӕстдзинад, махӕн та абон фырхудинагӕй нӕ цӕсгӕмттӕ судзынц+ – Иудӕйы адӕмӕн дӕр, Иерусалимы цӕрджытӕн дӕр ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕн дӕр, гадзрахатӕй дыл кӕй цыдысты, уый тыххӕй алы бӕстӕтыл кӕй ныппырх кодтай, хӕстӕг чи цӕры ӕмӕ дард чи цӕры, уыдонӕн+.

  • Данел 9:16
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 16 О Йегъовӕ, дӕ раст+ хъуыддӕгты номыл дӕ курын, дӕ горӕт Иерусалимыл, дӕ сыгъдӕг хохыл+, дӕ маст ӕмӕ дӕ фыдӕх мауал кал, уымӕн ӕмӕ нӕ фыдӕлты+ тӕригъӕдты ӕмӕ фыдхъуыддӕгты тыххӕй Иерусалим дӕр ӕмӕ дӕ адӕм дӕр, нӕ алыварс чи цӕры, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр фидиссаг фесты+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын