Нееми 9:31 Библи – Ног дунейы тӕлмац 31 Фӕлӕ сӕ де стыр фӕлмӕнзӕрдӕдзинадмӕ гӕсгӕ бындзагъд нӕ фӕкодтай+ ӕмӕ сӕ нӕ ныууагътай+, уымӕн ӕмӕ ды тӕригъӕдгӕнаг+ ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ+ Хуыцау дӕ. Псалом 78:38 Библи – Ног дунейы тӕлмац 38 Фӕлӕ уый уыд фӕлмӕнзӕрдӕ+. Сӕ рӕдыд-иу сын ныххатыр кодта+ ӕмӕ-иу сӕ нӕ фесӕфта+.Бирӕ хӕттыты-иу йӕ маст баурӕдта+Ӕмӕ-иу сыл йӕ фыдӕх иууылдӕр нӕ ныккалдта. Псалом 86:15 Библи – Ног дунейы тӕлмац 15 Фӕлӕ ды, о Йегъовӕ, ды дӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау+,Мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕныс+, ӕгӕрон у де ’нувыд уарзт ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр дӕ раст+. Йереми 30:11 Библи – Ног дунейы тӕлмац 11 «Ӕз демӕ дӕн,– зӕгъы Йегъовӕ,– цӕмӕй дӕ ирвӕзын кӕнон+. Цы адӕмты ’хсӕн дӕ ныххӕлиу кодтон, уыцы адӕмты ныццӕгъддзынӕн+. Фӕлӕ дӕу нӕ фесафдзынӕн+. Куыд хъӕуы, афтӕ дын зонд бацамондзынӕн ӕмӕ дӕ ӕнӕфхӕрдӕй нӕ ныууадздзынӕн»+. Михей 7:18 Библи – Ног дунейы тӕлмац 18 Чи у дӕу хуызӕн Хуыцау?+ Ды хатыр кӕныс рӕдыд ӕмӕ ма де ’взӕрст адӕмӕй чи баззад, уыдонӕн+ сӕ тӕригъӕд ницӕмӕ ӕрдарыс*+. Ды ӕнустӕм нӕ мӕсты кӕндзынӕ, уымӕн ӕмӕ дын ӕхсызгон у адӕмы де ’нувыд уарзтӕй тавын+. Лукайы 1:50 Библи – Ног дунейы тӕлмац 50 Чи дзы тӕрсы, уыдон фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ хайджын сты йӕ хорзӕхӕй+.
31 Фӕлӕ сӕ де стыр фӕлмӕнзӕрдӕдзинадмӕ гӕсгӕ бындзагъд нӕ фӕкодтай+ ӕмӕ сӕ нӕ ныууагътай+, уымӕн ӕмӕ ды тӕригъӕдгӕнаг+ ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ+ Хуыцау дӕ.
38 Фӕлӕ уый уыд фӕлмӕнзӕрдӕ+. Сӕ рӕдыд-иу сын ныххатыр кодта+ ӕмӕ-иу сӕ нӕ фесӕфта+.Бирӕ хӕттыты-иу йӕ маст баурӕдта+Ӕмӕ-иу сыл йӕ фыдӕх иууылдӕр нӕ ныккалдта.
15 Фӕлӕ ды, о Йегъовӕ, ды дӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау+,Мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕныс+, ӕгӕрон у де ’нувыд уарзт ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр дӕ раст+.
11 «Ӕз демӕ дӕн,– зӕгъы Йегъовӕ,– цӕмӕй дӕ ирвӕзын кӕнон+. Цы адӕмты ’хсӕн дӕ ныххӕлиу кодтон, уыцы адӕмты ныццӕгъддзынӕн+. Фӕлӕ дӕу нӕ фесафдзынӕн+. Куыд хъӕуы, афтӕ дын зонд бацамондзынӕн ӕмӕ дӕ ӕнӕфхӕрдӕй нӕ ныууадздзынӕн»+.
18 Чи у дӕу хуызӕн Хуыцау?+ Ды хатыр кӕныс рӕдыд ӕмӕ ма де ’взӕрст адӕмӕй чи баззад, уыдонӕн+ сӕ тӕригъӕд ницӕмӕ ӕрдарыс*+. Ды ӕнустӕм нӕ мӕсты кӕндзынӕ, уымӕн ӕмӕ дын ӕхсызгон у адӕмы де ’нувыд уарзтӕй тавын+.