Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • 1 Паддзӕхты 8:46
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 46 Дӕ разы тӕригъӕд куы саразой+,– уымӕн ӕмӕ иу адӕймаг дӕр ахӕм нӕй, тӕригъӕд чи нӕ аразы+,– ӕмӕ сӕм дӕ маст куы ссудза ӕмӕ сӕ се знӕгты къухмӕ куы раттай, ӕмӕ сӕ уыдон знаджы зӕхмӕ, дард уа ӕви хӕстӕг, уацары куы акӕной+,

  • Исай 1:4
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 4 Додой сӕ къона тӕригъӕдджын адӕмӕн+, тӕригъӕдты бын чи фӕци, уыцы адӕмӕн, фыдгӕнӕг цотӕн+, фыдбылызы фырттӕн!+ Уыдон Йегъовӕйы ныууагътой+, Израилы сыгъдӕг Хуыцауы ницӕмӕ дарынц+, сӕ чъылдым ӕм сыздӕхтой+.

  • Исай 59:2
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 2 Нӕ, уый уӕ уӕ фыдракӕндтӕ фӕхицӕн кодтой уӕ Хуыцауӕй+, уӕ тӕригъӕдты тыххӕй уӕ бамбӕхста йӕ цӕсгом, цӕмӕй уӕ ма хъуса+,

  • Йереми 6:28
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 28 Се ’ппӕт дӕр сты тынг хивӕнд+, рацу-бацу кӕнынц ӕмӕ иннӕты фыдкой кӕнынц+, уыдон сты ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнаджы хуызӕн. Иууылдӕр сты фыдбылыз+.

  • Йезекил 14:13
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 13 «Адӕймаджы фырт, искӕцы бӕстӕ мыл гадзрахатӕй куы рацыдаид ӕмӕ афтӕмӕй мӕ разы тӕригъӕд куы сарӕзтаид+, уӕд ӕм ӕз мӕ къух систаин, сӕ гуылтӕ цы хъилтыл ауыгъд вӕййынц, уыдон сын ныссастаин+ ӕмӕ уыцы бӕстӕйы ӕххормаг заман скӕнын кодтаин+ ӕмӕ дзы адӕймагӕй, хӕдзарон фосӕй иу дӕр нал ныууагътаин»+.

  • Йезекил 22:4
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 4 Цы туг ныккалдтай, уый тыххӕй сдӕ аххосджын+, ӕмӕ цы фаджыс-хуыцӕуттӕ сарӕзтай, уыдоны тыххӕй счъизи дӕ+. Ды дӕ бонтӕ фӕцыбыр кодтай, ӕмӕ дӕ тӕрхоны азтӕ ӕрцӕудзысты. Ӕмӕ дӕ уый тыххӕй адӕмтӕн скӕндзынӕн фидиссаг, ӕппӕт бӕстӕтӕн дӕр дӕ скӕндзынӕн хынджылӕггаг+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын