Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Псалом 137:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  7 О Йегъовӕ, Едомы фырттӕн+ сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн+, Иерусалим куы ныппырх, уыцы бон+.

      Уыдон дзырдтой: «Ныппырх ӕй кӕнут! Ныппырх ӕй кӕнут! Дур дзы дурыл мауал ныууадзут!»+

  • Исай 34:5
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 5 Уӕлӕрвты мӕ хъама+ туджы баудӕсдзӕн. Ӕз ӕй ӕруадздзынӕн Едомыл+, рӕстдзинад куыд домы, уымӕ гӕсгӕ фесафинаг кӕй дӕн, уыцы адӕмыл+.

  • Йезекил 25:13
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 13 уый тыххӕй афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Ӕз мӕ къух сисдзынӕн Едоммӕ+ ӕмӕ дзы адӕймагӕй, хӕдзарон фосӕй+ иу дӕр нал ныууадздзынӕн. Феманӕй+ йӕ суанг Деданы+ онг ӕдзӕрӕг бӕстӕ фестын кӕндзынӕн. Уыдон хъамайӕ фӕцагъды уыдзысты.

  • Йезекил 35:15
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 15 Израилы адӕмы бынтӕй кӕй ницыуал баззад, сӕ зӕхх ӕдзӕрӕг бӕстӕ кӕй сси, ууыл кӕй цин кодтай, уый тыххӕй дын ӕз дӕхиуыл дӕр ахӕм бон акӕнын кӕндзынӕн+. Ды суыдзынӕ ӕдзӕрӕг бӕстӕ, о Сеиры хӕхбӕстӕ, Едом ӕгасӕй дӕр, ӕнӕхъӕнӕй дӕр+. Ӕмӕ йӕ базондзысты, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ“»+.

  • Амос 1:11
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 11 Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Едом+ ӕртӕ хатты, суанг цыппар хатты дӕр, ныхмӕ кӕй рацыд, уый тыххӕй мӕ фӕнд нӕ аивдзынӕн, уымӕн ӕмӕ уый йе ’фсымӕры фӕдыл хъамаимӕ зылд+, йӕ зӕрдӕ ныддур кодта+ ӕмӕ мӕстӕй судзгӕйӕ йӕ амӕттаджы ӕнӕрынцойӕ скъуыдтӕ кӕны. Йӕ судзгӕ маст йӕ абухынӕй не ’нцайы+.

  • Авди 13
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 13 Нӕ дын ӕмбӕлд, мӕ адӕмыл бӕллӕх цы бон ӕрцыд, уыцы бон сӕ кулдуарыл бахизын+. Нӕ дын ӕмбӕлд, бӕллӕх сыл цы бон ӕрцыд, уыцы бон сӕм ӕнцад кӕсын. Нӕ дын ӕмбӕлд, бӕллӕх сыл цы бон ӕрцыд, уыцы бон сын сӕ хъӕздыгдзинадмӕ бавналын+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын