30 Куы дӕ фӕхастой, уӕд ма ныр куыд кӕндзынӕ? Бӕргӕ дардтай сӕнтсырх уӕлӕдарӕс, бӕргӕ-иу скодтай дӕхиуыл сызгъӕрин аивгӕнӕнтӕ ӕмӕ-иу дӕ цӕстытӕ сау ахорӕнӕй сахуырстай+. Фӕлӕ дӕхи дзӕгъӕлы рӕсугъд кодтай+. Кӕй ӕрра монцтӕ дӕм сыгъдысты, уыдоны нал хъӕуыс. Уыдон дӕ марынмӕ хъавынц+.