15 Ды суыдзынӕ фидиссаг+ ӕмӕ дӕ кӕндзысты алы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ+, дӕ алыварс цы адӕмтӕ цӕры, уыдонӕн суыдзынӕ зондзонӕн+ ӕмӕ-иу дӕумӕ кӕсгӕйӕ базыр-зыр кӕндзысты, ӕз мӕстыйӕ, мӕстӕй судзгӕйӕ дӕ мидӕг мӕ тӕрхӕттӕ куы сӕххӕст кӕнон ӕмӕ дӕ мӕстӕй судзгӕйӕ куы бафхӕрон, уӕд+. Уый загътон ӕз, Йегъовӕ.