2 Самуилы 14:14 Библи – Ног дунейы тӕлмац 14 Мах не ’ппӕт дӕр амӕлдзыстӕм+ ӕмӕ уыдзыстӕм, зӕххыл кӕй акалдтой ӕмӕ сӕмбырд кӕнӕн кӕмӕн нал ис, уыцы доны хуызӕн. Фӕлӕ Хуыцау никӕй цард*+ исы – уый дзӕбӕх ахъуыды кодта, хауӕггаг чи фӕци, уый дзы ӕнустӕм цӕуылнӕ хъуамӕ уа хауӕггаг, ууыл. Йезекил 18:23 Библи – Ног дунейы тӕлмац 23 „Ау, мӕнӕн фыдгӕнӕджы мӕлӕт ӕхсызгон у?+ Ӕви мын уый у ӕхсызгон, ӕмӕ йӕ фӕндӕгтӕ ныууадза ӕмӕ цӕра?“+ – зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ. Лукайы 15:10 Библи – Ног дунейы тӕлмац 10 Зӕгъын уын: гъе афтӕ фӕцин кӕнынц Хуыцауы зӕдтӕ, иу тӕригъӕдджын дӕр куы ’рфӕсмон кӕны, уӕд»+. 1 Тимофеймӕ 2:4 Библи – Ног дунейы тӕлмац 4 Уый фӕнды, цӕмӕй алыхуызон адӕм+, рӕстдзинад*+ цы у, уый бӕлвырдӕй базоной+ ӕмӕ фервӕзой+.
14 Мах не ’ппӕт дӕр амӕлдзыстӕм+ ӕмӕ уыдзыстӕм, зӕххыл кӕй акалдтой ӕмӕ сӕмбырд кӕнӕн кӕмӕн нал ис, уыцы доны хуызӕн. Фӕлӕ Хуыцау никӕй цард*+ исы – уый дзӕбӕх ахъуыды кодта, хауӕггаг чи фӕци, уый дзы ӕнустӕм цӕуылнӕ хъуамӕ уа хауӕггаг, ууыл.
23 „Ау, мӕнӕн фыдгӕнӕджы мӕлӕт ӕхсызгон у?+ Ӕви мын уый у ӕхсызгон, ӕмӕ йӕ фӕндӕгтӕ ныууадза ӕмӕ цӕра?“+ – зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ.