Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Райдиан 12:2
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 2 Ӕз дӕуӕй рауадздзынӕн стыр адӕм, раарфӕ дын кӕндзынӕн ӕмӕ дӕ* скадджын кӕндзынӕн, ӕмӕ иннӕтӕн хъуамӕ суай арфӕдзинад+.

  • Левит 26:4
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 4 уӕд уын ӕз къӕвдатӕ дӕтдзынӕн сӕ афоныл+, ӕмӕ зӕхх дӕтдзӕн тыллӕг+, бӕлӕстӕ дӕтдзысты дыргъ+.

  • Дыккаг закъон 28:12
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 12 Йегъовӕ уын байгом кӕндзӕн йӕ хъӕздыг къӕбиц – арв, цӕмӕй уӕ зӕххӕн ратта къӕвда йӕ афоныл+ ӕмӕ арфӕ кӕна уӕ алы хъуыддагӕн дӕр+. Ӕмӕ сымах ӕфстау дӕтдзыстут бирӕ адӕмтӕн, уӕхӕдӕг та ӕфстау никӕмӕй исдзыстут+.

  • Псалом 68:9
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  9 Ды тӕрккъӕвда рауагътай, о Хуыцау+.

      Дӕ адӕмӕн-иу сӕ бон куы нал уыд, уӕд-иу сӕ ног хъарутӕ бауагътай+.

  • Ӕмбисӕндтӕ 10:22
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 22 Йегъовӕйы арфӕдзинад адӕймаджы кӕны хъӕздыг+ ӕмӕ йемӕ маст нӕ хӕссы+.

  • Захари 8:13
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 13 Иудӕйы адӕм ӕмӕ Израилы адӕм+, сымах адӕмты ’хсӕн ӕлгъыстаг фестут+, фӕлӕ уӕ ӕз фервӕзын кӕндзынӕн, ӕмӕ ныр та уыдзыстут арфӕдзинад+. Ма тӕрсут+. Ныфсджын ут“+.

  • Малахи 3:10
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 10 Алцӕмӕй дӕр дӕсӕм хай+ къӕбицмӕ ӕрбахӕссут, цӕмӕй мӕ хӕдзары хойраг уа+. Уӕ хорзӕхӕй, бафӕлварут мӕ ацы хъуыддаджы+,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ,– кӕддӕра уын ӕз арвы дуӕрттӕ нӕ байгом кӕнин+ ӕмӕ уыл арфӕдзинад не ’руадзин, цух куыд ницӕмӕйуал ӕййафат, афтӕ»+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын