-
Йереми 30:10Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
10 «Ма тӕрс, Иаков, мӕ лӕггадгӕнӕг,– зӕгъы Йегъовӕ,– дӕ зӕрдӕйы дын тас мацы уадзӕд, Израил+. Ӕз дӕ фервӕзын кӕндзынӕн, дард ранӕй дӕ ӕркӕндзынӕн ӕмӕ дын дӕ байзӕддӕгты ӕрбакӕндзынӕн, уацары кӕм сты, уырдыгӕй+. Иаков фӕстӕмӕ ӕрыздӕхдзӕн ӕмӕ йӕхицӕн сабырӕй ӕмӕ фӕрнӕй цӕрдзӕн ӕмӕ йын тӕссаг никӕмӕй уыдзӕн»+.
-
-
Йезекил 36:4Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
4 уымӕ гӕсгӕ, о Израилы хӕхтӕ+, байхъусут Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕйы ныхасмӕ! Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ хӕхтӕн ӕмӕ къуыбыртӕн, цӕугӕдӕттӕн ӕмӕ дӕлвӕзтӕн, ӕдзӕрӕг хӕлддзӕгтӕн+ ӕмӕ, дзӕгъӕл чи баззад, уыцы горӕттӕн – сӕ алыварс цы адӕмтӕ баззад, уыдоны амӕттаг чи баци ӕмӕ кӕуыл худынц, уыцы горӕттӕн+.
-