Левит 26:39 Библи – Ног дунейы тӕлмац 39 Чи ма уӕ баззайа, уыдон та уе знӕгты зӕххытыл сӕ тӕригъӕды тыххӕй удхарӕй мӕлдзысты+. О, сӕ фыдӕлты тӕригъӕдты тыххӕй+ удхарӕй мӕлдзысты, сӕ фыдӕлтӕ куыд мардысты, афтӕ. Ездрӕ 9:6 Библи – Ног дунейы тӕлмац 6 ӕмӕ загътон+: «О мӕ Хуыцау, фырхудинагӕй+ дӕм скӕсын дӕр нӕ уӕндын+, мӕ Хуыцау, уымӕн ӕмӕ нӕ тӕригъӕдтӕ+ нӕ сӕрӕй уӕлдӕр систы ӕмӕ нӕ фыдракӕндтӕ уӕлӕрвты онг схӕццӕ сты+. Нееми 9:26 Библи – Ног дунейы тӕлмац 26 Фӕлӕ ӕгоммӕгӕс систы+, дӕ ныхмӕ рацыдысты+ ӕмӕ дын дӕ закъоныл сӕ къух систой+. Дӕ пехуымпартӕ-иу сӕ фӕдзӕхстой, цӕмӕй сӕ дӕумӕ раздӕхтаиккой+, фӕлӕ-иу сӕ уыдон амардтой+. Ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕй равдыстой, ӕппындӕр дӕ кӕй ницӕмӕ дардтой+. Йереми 31:18 Библи – Ног дунейы тӕлмац 18 «Ӕз фехъуыстон, Ефрем йӕхиуыл куыд куыдта+: „Ӕз уыдтӕн, ахуыр чи нӕма уыд, ахӕм роды хуызӕн+. Ӕмӕ мын ды зонд амыдтай, цӕмӕй сраст уыдаин+. Фӕстӕмӕ мӕ дӕхимӕ раздах, ӕмӕ дӕм уайтагъд раздӕхдзынӕн+, уымӕн ӕмӕ ды дӕ Йегъовӕ, мӕ Хуыцау+.
39 Чи ма уӕ баззайа, уыдон та уе знӕгты зӕххытыл сӕ тӕригъӕды тыххӕй удхарӕй мӕлдзысты+. О, сӕ фыдӕлты тӕригъӕдты тыххӕй+ удхарӕй мӕлдзысты, сӕ фыдӕлтӕ куыд мардысты, афтӕ.
6 ӕмӕ загътон+: «О мӕ Хуыцау, фырхудинагӕй+ дӕм скӕсын дӕр нӕ уӕндын+, мӕ Хуыцау, уымӕн ӕмӕ нӕ тӕригъӕдтӕ+ нӕ сӕрӕй уӕлдӕр систы ӕмӕ нӕ фыдракӕндтӕ уӕлӕрвты онг схӕццӕ сты+.
26 Фӕлӕ ӕгоммӕгӕс систы+, дӕ ныхмӕ рацыдысты+ ӕмӕ дын дӕ закъоныл сӕ къух систой+. Дӕ пехуымпартӕ-иу сӕ фӕдзӕхстой, цӕмӕй сӕ дӕумӕ раздӕхтаиккой+, фӕлӕ-иу сӕ уыдон амардтой+. Ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕй равдыстой, ӕппындӕр дӕ кӕй ницӕмӕ дардтой+.
18 «Ӕз фехъуыстон, Ефрем йӕхиуыл куыд куыдта+: „Ӕз уыдтӕн, ахуыр чи нӕма уыд, ахӕм роды хуызӕн+. Ӕмӕ мын ды зонд амыдтай, цӕмӕй сраст уыдаин+. Фӕстӕмӕ мӕ дӕхимӕ раздах, ӕмӕ дӕм уайтагъд раздӕхдзынӕн+, уымӕн ӕмӕ ды дӕ Йегъовӕ, мӕ Хуыцау+.