Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Рацыд 23:19
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 19 Дӕ зӕххӕй фыццаг цы тыллӕг сисай, уымӕн-иу йӕ хуыздӕр хай ӕрбахӕсс дӕ Хуыцау Йегъовӕйы хӕдзармӕ+.

      Сӕныччы йӕ мады ӕхсыры ма фыц+.

  • Нымӕцтӕ 3:13
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 13 уымӕн ӕмӕ алы фыццаггуырд дӕр мӕн у+. Египеты фыццаггуырдты се ’ппӕты дӕр цы бон ныццагътон, уыцы бон ӕз загътон+, цӕмӕй Израилы алы фыццаггуырды дӕр – адӕмӕй дӕр ӕмӕ фосӕй дӕр – снывонд кӕной мӕнӕн+. Уыдон хъуамӕ уой мӕн. Ӕз дӕн Йегъовӕ».

  • Нымӕцтӕ 18:12
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 12 Сойы хуыздӕр, ног сӕны ӕмӕ хоры хуыздӕр – Йегъовӕйӕн кӕй дӕтдзысты+, уыцы фыццаг тыллӕг+ – дӕттын дӕуӕн.

  • Нымӕцтӕ 18:27
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 27 Ӕмӕ уын уый афтӕ нымад уыдзӕн, цыма уыцы хор уӕхи найгӕнӕн мусӕй райстат+ ӕмӕ уыцы сӕн уӕхи сӕндуцӕнӕй рацыд кӕнӕ уыцы сой уӕхи сойлӕмарӕнӕй ракалд.

  • Дыккаг закъон 18:4
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 4 Хъуамӕ йын раттай дӕ хоры фыццаг тыллӕг, дӕ ног сӕн ӕмӕ дӕ сой, стӕй дӕ дзуджы фыццаг къуымбил+.

  • 2 Азфыстыты 31:4
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 4 Стӕй ма адӕмӕн, Иерусалимы цӕрджытӕн, загъта, цӕмӕй сауджынтӕн+ ӕмӕ левиттӕн+ сӕ хай лӕвӕрдтаиккой ӕмӕ уыдон Йегъовӕйы закъон, куыд ӕмбӕлы+, афтӕ ӕххӕст кодтаиккой+.

  • 2 Азфыстыты 31:10
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 10 Уӕд ын хистӕр сауджын Азари+, Садокы+ хӕдзарвӕндагӕй чи уыд, уый, загъта: «Йегъовӕйы хӕдзармӕ мысайнӕгтӕ+ кӕдӕй хӕссынц, уӕдӕй нырмӕ адӕм сӕ фаг хӕрынц+, ӕмӕ ма дзы уӕддӕр зайгӕ дӕр бирӕ бакӕны+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ йӕ адӕмӕн раарфӕ кодта+. Ӕмӕ дзы нырма мӕнӕ цас ис».

  • Нееми 10:35
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 35 Стӕй ма дзырд радтам, алы аз дӕр нӕ зӕххы фыццаг тыллӕг+ ӕмӕ бӕлӕсты фыццаг дыргътӕ+ Йегъовӕйы хӕдзармӕ кӕй хӕсдзыстӕм

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын