2 Ӕмӕ дын уӕртӕ, цӕгатырдӕм чи кӕсы, уыцы уӕллаг+ кулдуары ’рдыгӕй ӕрбацӕуы ӕхсӕз лӕджы, алкӕмӕн дӕр йӕ къухы, пырх кӕмӕй кӕндзӕн, ахӕм хӕцӕнгарз. Семӕ ма уыди иу лӕг кӕттаг дарӕсы+, йӕ астӕуыл уыд писыры фыссӕнгӕрзтӕ. Уыдон ӕрбацыдысты ӕмӕ ӕрлӕууыдысты ӕрхуы нывондхӕссӕны раз+.