Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Дыккаг закъон 4:19
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 19 Уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй, арвмӕ куы скӕсат ӕмӕ хур, мӕй ӕмӕ стъалытӕ – арвыл цыдӕриддӕр ис, уыдон* – куы фенат, уӕд ма фӕрӕдийат ӕмӕ сын ма райдайат табу кӕнын ӕмӕ кувын+,– уӕ Хуыцау Йегъовӕ арвы бын ӕппӕт адӕмтӕн дӕр кӕй радта, уыдонӕн+.

  • Дыккаг закъон 17:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 3 ӕмӕ куы ацӕуа ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн куы кува ӕмӕ сӕ разы, стӕй хур, мӕй ӕмӕ, арвыл цыдӕриддӕр ис, уыдӕтты* раз+ йӕ зонгуытыл куы лӕууа – ӕз та уый нӕ фӕдзӕхстон+,–

  • 2 Паддзӕхты 17:16
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 16 Сӕ Хуыцау Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр ныууагътой+ ӕмӕ сӕхицӕн скодтой ӕфсӕйнаг хуыцӕуттӕ+, дыууӕ роды+, стӕй ма кувӕн цӕджындз+ дӕр. Арвыл цыдӕриддӕр ис, уыдӕтты* раз сӕ зонгуытыл лӕууыдысты+ ӕмӕ Ваалӕн куывтой+.

  • 2 Паддзӕхты 23:5
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 5 Ӕмӕ фӕсырдта, Иудӕйы паддзӕхтӕ Иудӕйы горӕтты ӕмӕ Иерусалимы алыварс кувӕн бынӕтты ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕн нывӕндты фӕздӕг уадзынӕн кӕй сӕвӕрдтой, уыцы дзуарылӕгты, стӕй Ваалӕн+, хурӕн, мӕйӕн, стъалыгуппартӕн ӕмӕ, арвыл цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕн+ чи уагъта нывӕндты фӕздӕг, уыдоны дӕр.

  • Иов 31:26
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 26 Рухс куыд ӕрттивы, уымӕ-иу куы кастӕн,

      Кӕнӕ, диссаджы рӕсугъд мӕй куыд ленк кӕны, уымӕ+,

  • Йереми 8:2
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 2 Ӕмӕ сӕ ныххӕлиу кӕндзысты хуры бын, мӕйы бын ӕмӕ, арвыл цыдӕриддӕр ис, уыдоны* бын – кӕй уарзтой, кӕмӕн лӕггад кодтой, кӕй фӕдыл цыдысты+, кӕй агуырдтой ӕмӕ кӕмӕн куывтой, уыдоны бын+. Уыцы стджытӕ нӕдӕр ӕмбырд ӕркӕндзысты, нӕдӕр сӕ ныгӕнгӕ бакӕндзысты. Фаджысау суыдзысты зӕххы цъарыл»+.

  • Йереми 44:17
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 17 Цыдӕриддӕр загътам, уый кӕндзыстӕм+: „уӕлӕрвты ус-паддзахӕн“ нывӕндты фӕздӕг уадздзыстӕм+ ӕмӕ йын кувинаг нозт хӕсдзыстӕм+. Афтӕ кодтам Иудӕйы горӕтты ӕмӕ Иерусалимы уынгты нӕхӕдӕг+ дӕр ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕ+ дӕр, нӕ паддзӕхтӕ+ ӕмӕ нӕ кънйӕзтӕ, хӕринагӕй цух куы нӕ уыдыстӕм, нӕхицӕн дзӕбӕх куы цардыстӕм ӕмӕ ӕнӕфыдбылыз куы уыдыстӕм, уӕд+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын