Нымӕцтӕ 11:25 Библи – Ног дунейы тӕлмац 25 Ӕмӕ Йегъовӕ ӕрцыд мигъы+ ӕмӕ йемӕ дзурын райдыдта+. Стӕй, Моисей цы тыхӕй* уыд хайджын, уымӕй райста+ ӕмӕ дзы ӕвдай хистӕр лӕгӕй алкӕй дӕр схайджын кодта. Ӕмӕ куыддӕр уыцы тыхӕй схайджын сты, афтӕ сӕхи пехуымпартау дарын райдыдтой. Фӕлӕ уый фӕстӕ сӕхи афтӕ нал дардтой+. 1 Самуилы 10:6 Библи – Ног дунейы тӕлмац 6 Уӕд дыл Йегъовӕйы тых*+ ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ ды дӕр семӕ пехуымпариуӕг кӕнын+ райдайдзынӕ ӕмӕ бынтон ӕндӕр адӕймаг фестдзынӕ. Йезекил 2:2 Библи – Ног дунейы тӕлмац 2 Ӕмӕ куыддӕр мемӕ дзурын райдыдта, афтӕ Хуыцауы тыхӕй* схайджын дӕн+ ӕмӕ мӕ уый мӕ къӕхтыл слӕууын кодта, цӕмӕй, мемӕ Чи дзырдта, уымӕн йӕ ныхас хъуыстаин+. Йезекил 3:24 Библи – Ног дунейы тӕлмац 24 Ӕмӕ уӕд схайджын дӕн Хуыцауы тыхӕй*+ ӕмӕ мӕ уый мӕ къӕхтыл слӕууын кодта+. Стӕй Хуыцау мемӕ дзурын райдыдта ӕмӕ мын загъта: «Ацу, дӕ хӕдзармӕ бацу ӕмӕ дӕхиуыл дуар сӕхгӕн. Михей 3:8 Библи – Ног дунейы тӕлмац 8 Ӕз та Йегъовӕйы тыхы* фӕрцы схайджын дӕн хъаруйӕ, рӕстдзинадӕй ӕмӕ хъӕбатырдзинадӕй+, цӕмӕй Иаковӕн дзурон, ныхмӕ кӕй цӕуы, уый тыххӕй, ӕмӕ Израилӕн – йӕ тӕригъӕды тыххӕй+. 2 Петры 1:21 Библи – Ног дунейы тӕлмац 21 уымӕн ӕмӕ пехуымпар-ныхас адӕймаджы фӕндонмӕ+ гӕсгӕ загъд никуы уыд, фӕлӕ адӕм дзырдтой Хуыцауы фӕндӕй+, йӕ сыгъдӕг тых* сын куыд амыдта, афтӕ+.
25 Ӕмӕ Йегъовӕ ӕрцыд мигъы+ ӕмӕ йемӕ дзурын райдыдта+. Стӕй, Моисей цы тыхӕй* уыд хайджын, уымӕй райста+ ӕмӕ дзы ӕвдай хистӕр лӕгӕй алкӕй дӕр схайджын кодта. Ӕмӕ куыддӕр уыцы тыхӕй схайджын сты, афтӕ сӕхи пехуымпартау дарын райдыдтой. Фӕлӕ уый фӕстӕ сӕхи афтӕ нал дардтой+.
6 Уӕд дыл Йегъовӕйы тых*+ ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ ды дӕр семӕ пехуымпариуӕг кӕнын+ райдайдзынӕ ӕмӕ бынтон ӕндӕр адӕймаг фестдзынӕ.
2 Ӕмӕ куыддӕр мемӕ дзурын райдыдта, афтӕ Хуыцауы тыхӕй* схайджын дӕн+ ӕмӕ мӕ уый мӕ къӕхтыл слӕууын кодта, цӕмӕй, мемӕ Чи дзырдта, уымӕн йӕ ныхас хъуыстаин+.
24 Ӕмӕ уӕд схайджын дӕн Хуыцауы тыхӕй*+ ӕмӕ мӕ уый мӕ къӕхтыл слӕууын кодта+. Стӕй Хуыцау мемӕ дзурын райдыдта ӕмӕ мын загъта: «Ацу, дӕ хӕдзармӕ бацу ӕмӕ дӕхиуыл дуар сӕхгӕн.
8 Ӕз та Йегъовӕйы тыхы* фӕрцы схайджын дӕн хъаруйӕ, рӕстдзинадӕй ӕмӕ хъӕбатырдзинадӕй+, цӕмӕй Иаковӕн дзурон, ныхмӕ кӕй цӕуы, уый тыххӕй, ӕмӕ Израилӕн – йӕ тӕригъӕды тыххӕй+.
21 уымӕн ӕмӕ пехуымпар-ныхас адӕймаджы фӕндонмӕ+ гӕсгӕ загъд никуы уыд, фӕлӕ адӕм дзырдтой Хуыцауы фӕндӕй+, йӕ сыгъдӕг тых* сын куыд амыдта, афтӕ+.